"Баззайут хӕдзӕртты": Sputnik сиды Ирыстоны цӕрджытӕм ма хизын уынгмӕ

Дунейы коронавирусы апарахат хынцгӕйӕ, Sputnik дӕр сиды адӕммӕ, цӕмӕй ма хизой хӕдзӕрттӕй ӕнӕ ӕнӕмӕнгхъӕуындзинадӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 апр - Sputnik. Sputnik сиды Ирыстоны цӕрджытӕм баззайын сӕ хӕдзӕртты ӕмӕ ма хизын ӕддӕмӕ ӕнӕ ӕнӕмӕнгхъӕуындзинадӕй, цӕмӕй коронавирус ма апарахат уа.

"Баззайут хӕдзӕртты": Sputnik сиды Ирыстоны цӕрджытӕм ма хизын уынгмӕ

Цӕгат Ирыстоны дыццӕджы райсомӕй фехъусын кодтой COVID-19-ӕй фараст фӕрынчынуӕвӕджы тыххӕй, вирусӕй фӕмард иу адӕймаг. Хуссар Ирыстоны не сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты.

Цӕгат Иры коронавирусӕй амард фыццаг адӕймаг

Пандемийы рӕстӕджы хӕдзары баззайынмӕ сидынц алыгъуызон службӕты кусджытӕ ӕппӕт дунейы, афтӕ ма зындгонд адӕм, организацитӕ ӕмӕ хуымӕтӕг адӕм. Амӕйразмӕ социалон хызӕгты популярон уыд флешмоб "Мах кусӕм сымах тыххӕй, ма хизут хӕдзӕрттӕй мах тыххӕй", кӕцы сарӕзтой медицинон кусджытӕ ӕппӕт дунейы.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Дунейы вирусӕй ныридӕгӕн фӕрынчын сты 1,3 милуан адӕймаджы, сӕ фылдӕр хайӕн схос кодтой, 73 мин адӕймагӕй фылдӕр фӕмард сты.