Кæркуысты Сикъо: адæмон скульпторы дуне

Хуссар Ирыстоны Дампалеты хъæуы XIX-XX æнусты цард адæмон скульптор, нывгæнæг–примитивист, хосгæнæг Кæркуысты Сикъо
Sputnik

Абон иртасджытæн æмæ ахуыргæндтæн цымыдисон сты Кæркуысты Сикъойы скульптурон куыстытæ. Сæ "архайгæ равдыст" фенæн ис Монастъеры кувæндоны цур уæлмæрды, Дзауы районы, иууыл фылдæр та дзы ис Дампалеты хъæууон уæлмæрды.

Иууыл хуызджындæр сты лæугæ цыртытæ. Кæцыдæртыл рæстæг нæ бацауæрста, фæлмæн дуры мыггæгтæй кæй сты, уымæ гæсгæ кæцыдæр фыстытæ æмæ фæлгонцтæ сты зын равзарæн. Уæлфысттæ сты гуырдзиаг æвзагыл.

Кæркуысты Сикъойы ном ма хъуыстгонд уыд куыд тынг карджын лæг дæр. Хицæн бæрæггæнæнтæм гæсгæ, уый фæцард 120-134 азы.