Цӕгат Иры психологтӕ уадзынц ӕнӕаргъ консультацитӕ пандемийы рӕстӕджы

Специалисттӕ радзырдтой, цы проблемӕтӕ цыхсын кӕнынц ӕмбӕстӕгты иууыл фылдӕр, афтӕ ма радтой рекомендацитӕ стресс сисыны тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 апр - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны психологтӕ райдыдтой уадзын ӕнӕаргъ онлайн консультацитӕ, цӕмӕй баххуыс кӕной ӕмбӕстӕгтӕн пандемийы рӕстӕджы. Цалдӕр боны куысты дӕргъы специалисттӕм фӕдзырдтой бирӕ адӕм. Психологтӕм бадзурынц ӕрмӕст ӕмбӕстӕгтӕ нӕ, фӕлӕ ма социалон организацитӕ дӕр.

Цӕгат Иры дарддӕр фылдӕр кӕны коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты нымӕц

Специалист Юлия Афанасьева куыд радзырдта 15-ӕм Регионӕн, афтӕмӕй адӕм бадзурынц ӕртӕ иууыл популярондӕр темӕйы фӕдыл.

"Сӕ нымӕцы: ӕнахуыр низы раз тас, сывӕллӕтты-ныййарджыты ахастытӕ, ӕмкъӕйтты хсӕн ахастытӕ. Трансляцитӕ уагъд цӕуынц куыд телефоны уылты, афтӕ ма видео-форматы дӕр" – загъта Юлия Афанасьева.

Афтӕ ма Афанасьева радта реконмедацитӕ стресс сисыны фӕдыл. Специалист банысан кодта, адӕм кӕй хъуамӕ ӕууӕндой ӕрмӕстдӕр официалон гуырӕнтыл. Афтӕ ма уый бахахх кодта, ахӕм рӕстӕджы кӕй ӕххуыс кӕны кувын, медитаци, йога ӕмӕ спорт.