Цхинвалы схорзæхджын кодтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеранты

Майданты хицау баисты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты архайджытæ Ӕлборты Евгения æмæ Къудухты Ефросинья
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 апр – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны уæвæг Уæрæсейы минæварады схорзæхджын кодтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеранты. Хæсты архайджытæ юбилейон майдантæ райстой минæварады хистæр Марат Кулахметовæй, фехъусын кодтой Sputnik уагдоны.

Этапгай Цхинвалы майдантæ лæвæрд цæуынц Стыр Уæлахизыл 75 азы сæххæсты мадзæлтты фæлгæтты.

"Уæрæсейы минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов радта ветерантæн - Стыр Фыдыбæстæйон хæсты архайджытæн, кæцытæ цæрынц Цхинвалы, юбилейон майдантæ "75 лет Победы в Великой Отечественной войне 1941-1945 гг." Майданты хицау баисты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты архайджытæ Ӕлборты Евгения æмæ Къудухты Ефросинья", - загътой уагдоны.

Уагдоны бафтыдтой, ноджы ма фондз адæймаджы Хуссар Ирыстоны райсдзысты майдантæ уæрæсейæг дипломатæй къуырийы кæронмæ.

Цхинвалы схорзæхджын кодтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеранты