Цӕмӕй дезинфекци кӕнынц сӕ къухтӕ Хуссар Иры

Sputnik бафарста республикӕйы столицӕйы цӕрджыты, цӕмӕй дезинфекци кӕнынц сӕ къухтӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 апр - Sputnik. Гӕбӕраты Элина. Коронавирусы пандемийы рӕстӕджы ӕппӕт дунейы афтекты иууыл фылдӕр агурынц антисептиктӕ. Вирусологтӕ ӕмӕ гигиенистӕ иумӕйагӕй дзурынц, контакттӕ фӕкъаддӕр кӕнын ӕмӕ къухтӕ арӕхдӕр ӕхсын ӕмӕ дезинфекци кӕнын бахиздзӕн COVID-19-ӕй.

Бигӕ ӕмӕ хуыйгӕ: Цхинвалы хицӕн адӕймӕгтӕ срӕвдз кодтой маскӕты рауагъд

Хуссар Ирыстоны не сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты, фӕлӕ антисептиктӕ ссарын афтекты у тынг зын.

Цхинвалы цӕрӕг Зӕринӕ радзырдта, йӕхӕдӕг кӕй ӕрцӕттӕ кодта антисептик ӕмӕ йӕ уырны, уый кӕй у хуыздӕр ӕлхӕнгӕйӕ.

"Ӕз схӕццӕ кодтон дыууӕуагъдон хӕдзарон арахъхъ спиртимӕ. Смаг кӕны, фӕлӕ сӕдӕ проценты кусы. Мӕ зонгӕ чызг балхӕдта антисептиктӕ специализацигонд дуканийы, фӕлӕ мӕ нӕ уырны, уыдон кӕй кусдзысты", - дзуры чызг.

Фыццӕгӕм паддзахадон афтекы радзырдтой, сӕхӕдӕг кӕй цӕттӕ кӕнынц дезинфекцион ӕрмӕг. Уыдон фехъусын кодтой, хорз антисептикӕн кӕй хъӕуы ӕрмӕстдӕр ӕртӕ компоненты: спирт, глицерин ӕмӕ водороды фыртуаг.

"Мах алыхатт дӕр цӕттӕ кодтам дезинфекцион ӕрмӕг, фӕлӕ карантин расидыны фӕстӕ мах ӕй райдыдтам аразын стыр бӕрцуаты. Фондзлитрон донгъӕдӕн мах райсӕм цыппар литры спирт, иу литры фыртуаг ӕмӕ ӕртӕ флаконы глицерин", - радзырдта Sputnik Къелойты Алла.

Антисептикон фӕрӕз гӕнӕн ис саразын хӕдзарон уавӕрты дӕр, кӕцы нӕ уыдзӕн ӕвзӕрдӕр ӕлхӕнгӕ продукттӕй.

Туджы аргъ: нуры, цывзы æмæ имбирь ныр сты "хъæзныджыты халсæрттæ"

"Иууыл хуыздӕр санитайзер у 70-процентон спирт. Уый хорз кусы – мары алкӕцы микробы дӕр", - банысан кодта дохтыр-эпидемиолог Гаглойты Анна.

Уый бахахх кодта, кӕй хъӕуы дезинфекци кӕнын къухтӕ, гаджеттӕ ӕмӕ ӕндӕр ӕрмӕджытӕ, кӕцыты уылты апарахат уыдзӕн вирус.

Хуссар Ирыстоны ныридӕгӕн не сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты. Дыццӕджы президент Бибылты Анатолий расидт 8-ӕй 20-ӕм апрлеьмӕ ӕнӕкусӕгон бонтӕ. Республикӕйы хицауад сабаты бакодта уӕлӕмхасӕн карантинон мадзӕлттӕ республикӕйы коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн. Уӕрӕсеимӕ арӕн кӕронмӕ сӕхгӕдтой 12 апрелы онг. Марты республикӕйы къухдариуӕгад фехъусын кодта Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕны сӕхгӕды тыххӕй. Республикӕйы ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон бынӕттӕ. Кусынц ӕрмӕстдӕр хӕлцадон дуканитӕ ӕмӕ афтектӕ.