Хуссар Иры пенсионертæ сæ фиддонтæ исынц хæдзæртты

Мадзæлттæ ист цæуынц коронавирусы апарахаты тасы рæстæджы хистæр кары бахъахъхъæныны нысанæн 
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 апр – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны пенсиисджытæ марты мæйы фиддонтæ фылдæр бæрцæй райстой хæдзæртты, фехъусын кодта Sputnik Пенсион фонды хистæр Тасойты Аза.

Мадзæлттæ ист цæуынц коронавирусы апарахаты тасы рæстæджы хистæр кары бахъахъхъæныны нысанæн.

Хостӕ ӕмӕ хӕлцад: хуссарирыстойнаг волонтертӕ баххуыс кӕндзысты иунӕг карджын адӕмӕн

"Цæмæй пенсиисджытæ ма цæуой бастдзинады хайадмæ, уый тыххæй сын фæрæзтæ хæссынц хæдзæрттæм. Марты пенси йæ хицæуттыл сæмбæлд", - загъта Тасойты Аза.

Уый ма бафтыдта, бастдзинады хайадмæ стæм пенсиисджытæ кæй æрбацыдысты, уымæн æмæ сын развæлгъау фехъусын кодтой мыхуыры фæрæзты æмæ телеуынынады руаджы.

Фӕстаг бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, дунейы коронавирусӕй рынчынты нымӕц у 1 504 971 адӕймаджы. COVID-19 ахаста 87 мин адӕймаджы цард.