Хуссар Иры волонтертæ райдыдтой хуыйын "æнусон маскæтæ" - видео

Маскæтæ хуыйын æрæджы райдыдта зынгæ ирон дизайнер Бекъойты Хох. Хæрзаудæн куыст кæны фонд "Мах ныфс" дæр.
Sputnik

Хуссар Ирыстоны волонтертæ æрæвнæлдтой бирæхаттон медицинон маскæтæ хуыйынмæ. Иутæ сæ уæй кæнынц сæхи аргъыл, аннæтæ та сæ уарынц æнæаргъæй. Хæрзаудæн куыст кæны фонд "Мах ныфс" дæр.

Маскæтæ хуыйын ма æрæджы райдыдта зынгæ ирон дизайнер Бекъойты Хох. Уый йе 'ххуысгæнджытимæ иумæ хуыйы индивидуалон хъахъхъæнæнг æрмæджытæ æмæ сæ уары цæрджытæн.