Стыр Фыдыбӕстон хӕсты дыууӕ ветераны райстой хорзӕхтӕ уӕрӕсейаг минӕварӕй

Майдантӕ радтой Стыр Уӕлахизы юбилейӕн нывонд мадзӕлтты фӕлгӕтты. Минӕвары къухтӕй хорзӕхтӕ райстой Георгий Арболишвили ӕмӕ Цоциты Амиран
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 апр – Sputnik, Козаты Диана. Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов радта дыууӕ ветеранӕн – Стыр фыдыбӕстӕйон хӕсты архайджытӕн юбилейон майдантӕ "1941-1945 ӕзты Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Уӕлахизыл 75 азы".

Стыр Фыдыбӕстон хӕсты дыууӕ ветераны райстой хорзӕхтӕ уӕрӕсейаг минӕварӕй

Майдантӕ уӕрӕсейаг минӕварӕй райстой Георгий Арбошвили ӕмӕ Цоциты Амиран. Хорзӕхтӕ радтой Стыр Уӕлахизы юбилейӕн нывонд мадзӕлтты фӕлгӕтты.

"Ӕстӕм апрелы минӕвар Марат Кулахметов бабӕрӕг кодта дыууӕ ветераны ӕмӕ сын радта юбилейон майдантӕ", - загътой Sputnik уӕрӕсейаг минӕварады.

Александр Арболишвили дыууӕ азы фӕстӕ нысан кӕндзӕн йӕ сӕдӕ азы юбилей, ныртӕккӕ йыл цӕуы 98 азы. Хӕстмӕ йӕм ӕрсидтысты 18-аздзыдӕй 1940 азы ноябры.

Уый тох кодта Цӕгаттаг-Ныгуылӕны фронтыл, хайад иста Сталинграды тохты, службӕ кодта Белорусаг фронты. Дыккаг Белорусаг фронты сконды бахӕццӕ Берлины онг.

Стыр Фыдыбӕстон хӕсты дыууӕ ветераны райстой хорзӕхтӕ уӕрӕсейаг минӕварӕй

Цоциты Амиран ацыд хӕстмӕ иу аз раздӕр йӕ фӕудӕй. Ӕрсидты фӕстӕ Амираны арвыстой ахуыр кӕнынмӕ азербайджайнаг горӕт Кировабады ӕфсӕддон ахуырадон уагдонмӕ, цы ран ӕвзонг курсанти ацыд цӕттӕкӕнынад 124-ӕм фӕстауӕрцон полкы.

Уый фӕстӕ полк ныппырх кодтой, Амираны ракодтой фӕстауӕрцон полкмӕ горӕт Горийы. 1946 азы Амиран ӕрдӕг азы уыд ахуырадон батальоны Авчалыйы, уырдыгӕй йӕ арвыстой Батуммӕ, цы ран уыд 4-ӕм ӕфсад, кӕцыйы командӕгӕнӕг уыд советон Цӕдисы дыууӕ хатты Хъайтар Плиты Иссӕ.