Хӕрзгӕнӕг ӕмӕ президентӕй: Борджнисы басудзгӕ хӕдзары хицау райста дыууӕ вагоны

Бететы Ирбеджы хӕдзар басыгъд январы зынгсирвӕзты рӕстӕджы, нӕлгоймаг ӕмӕ йӕ нана зымӕджы тӕмӕны аззадысты уыджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ,  10 апр – Sputnik, Плиты Фатимæ. Дзауы районы Борджнисы хъæуы Бететы бинонтæн, кæцытæн сæ хæдзар басыгъд азы райдайӕны, сӕвӕрдтой дыууӕ вагоны. 

Фыдбылызы фӕстӕ бинонтӕм се 'ргом раздӕхтой хицауад ӕмӕ адӕм -  президенты хӕслӕвӕрдмӕ гӕсгӕ сын балхӕдтой вагон, ӕхсӕнадон архайӕг Бететы Юрий та расидт хӕрзаудӕн акци. Йӕ фӕрӕзтӕ здӕхт ӕрцыдысты бӕллӕхы бахауӕг бинонты ӕнӕмӕнгхъӕуӕгӕй мигӕнӕнтӕй сифтонг кӕнынмӕ.

Хӕрзгӕнӕг ӕмӕ президентӕй: Борджнисы басудзгӕ хӕдзары хицау райста дыууӕ вагоны

Баххуысы хьӕппӕрис ма разынд Козаты Игорьмӕ - уый дӕр бинонтӕн балӕвар кодта цӕрӕн вагон.

"Фехъуыстон, хицауад сын вагон радта, фӕлӕ уӕддӕр мах дӕр сарӕзтам ноджы иу вагон, ӕвӕццӕгӕн сын цӕрынӕн дыууӕ хуыздӕр уыдзӕн", - загъта хӕрзгӕнӕг Козаты Игорь.

Президенты хъӕппӕрисӕй вагон ӕлхӕд ӕрцыд азы райдайӕны, фӕлӕ ӕвзӕр боныгъӕд хъыгдардта Бететы бинонты цӕрӕнуатмӕ вагон сласынӕн. Цӕрӕн вагӕттӕ сӕвӕрдтой Дзауы районы администрацийы ӕмархайдӕй.

Вагон æмæ æхца: Борджнисы сыгъд хæдзары хицауæн æххуыс кæнынц адæм æмæ хицауад

"Стыр бузныг зӕгъын президент Бибылты Анатолийӕн, Козаты Игорьӕн, сӕ лӕвар вагӕттӕ лӕууынц фӕрсӕй-фӕрстӕм. Стӕй ма районы разамонӕг Джиоты Андрейӕн ӕмӕ Цӕрӕн-коммуналон хӕдзары хистӕр Цхуырбаты Таймуразӕн, уыдонимӕ иумӕ ма нын ӕппӕт цы адӕм баххуыс кодтой, уыдонӕн дӕр", - загъта хӕдзары хицау Бететы Ирбег.

Зынгсирвӕзт ӕрцыд 27 январы изæры. УУМ нæ бантыст хæдзар байсын артæй. Экспертты хъуыдымæ гæсгæ, йӕ аххосаг уыд суджы пец.