Бибылты Анатолий Днестргӕроны разамонӕгӕн: дыууӕварсон ахастытӕ ноджы райтынг уыдзысты

Дыццӕджы Днестргӕроны республикӕйы сӕргълӕууӕг Вадим Красносельский нысан кӕны йӕ райгуырӕн бон
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 апр — Sputnik. Кусӕгон ӕмӕ хисӕрмагонд миниуджытӕ, иузӕрдыгдзинад фыдыбӕстӕйӕн ӕрхастой Дӕуӕн авторитет ӕмӕ кад ӕрмӕст Днестргӕроны нӕ, фӕлӕ фӕсарӕнты дӕр. Уый тыххӕй дзырдӕуы Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы арфӕйы Днестргӕроны лидер Вадим Красносельскийӕн йӕ райгуырӕн боны цытӕн.

"Уадз ӕмӕ Дӕ фӕлтӕрддзинад паддзахадон архайӕджы бынаты, оптимизм ӕмӕ Дын егъау куыст  ӕххуыс кӕной республикӕ ног ӕнтыстытӕ ӕмӕ сгуыхтдзинӕдтӕм кӕнынæн", - дзырдӕуы арфӕйы тексты.

Бибылты Анатолий банысан кодта дыууӕ бӕстӕйы хсӕн бадзырдты ӕмвӕзад ӕмӕ фидарӕй загъта, уыдон кӕй уыдзысты бындур дыууӕварсон ахастыты дарддӕры райрӕзтӕн.

Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕджы цӕст бауарзта Вадим Красносельскийӕн фидар ӕнӕниздзинад, энерги, хӕрзӕбон ӕмӕ йӕ кусӕгон нывӕзтыты реализаци.