Дзауы фӕуд кӕны спортивон залы арӕзтад

Спортзал ис скъолайы агъуысты цур ӕмӕ дзы уыдзӕн бӕстыхай баскетбол, волейбол ӕмӕ мини-футболӕй хъазынӕн, афтӕ ма тренажерон зал дӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 апр – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Дзауы поселочы фӕуд кӕны спортивон залы арӕзтад, объект ратдзысты эксплуатацимӕ апрелы кӕрӕтты, фехъусын кодта Sputnik Дзауы районы администрацийы сӕргълӕууӕг Джиоты Андрей.

"Уазӕлтты тыххӕй ӕрурӕдтон арӕзтад – мах ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм, цалынмӕ уазал боныгъӕд фӕуа, цӕмӕй къултӕ бахус уой", - загъта Джиоты Андрей.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, бӕстыхайы бӕрӕгбонон баконд баст у карантинимӕ, кӕцы бакодтой республикӕйы коронавирусы ныхмӕ мадзӕлтты фӕлгӕтты.

Дзауы районы бавнӕлдтой дыууӕ ног бирӕуӕладзыгон хӕдзары арӕзтадмӕ

Дзауы скъолайы бӕстыхай ныппырх ис зӕххӕнкъуысты фӕстиуӕгӕн 1991 азы. Цалдӕр азы фӕстӕ ӕхсӕнадӕмон организациты мисси ног скъола куы сарӕзта, уӕд дзы нӕ уыд спортзал. Гом фӕзуат, кӕцы районы администраци сарӕзта бӕстыхайы цур, нӕ аскъуыддзаг кодта зымӕджы ахуыртӕ уадзыны проблемӕ.

Спортивон залы арӕзтад райдыдта ӕрмӕстдӕр 2019 азы августы. Скъолайы агъуысты цур спортивон залы уыдзӕн бӕстыхай баскетбол, волейбол ӕмӕ мини-футболӕй хъазынӕн, афтӕ тренажерон зал дӕр.