ЦХИНВАЛ, 15 апр – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны ахуырадон уагдӕттӕ ӕмӕ сабидӕтты карантин адарддӕр кӕнӕны фӕдыл скъуыддзаг рахӕсдзысты ацы къуырийы кӕрон, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы ахуырад ӕмӕ зонады министр Гасситы Натали.
Карантин скъолаты, сабидӕтты, ХИПУ-йы ӕмӕ ӕндӕр ахуырадон уагдӕтты бакодтой 18 марты коронавирусы ныхмӕ мадзӕлтты фӕлгӕтты. Фӕстӕдӕр карантин адарддӕр кодтой 15 апрелы онг, фӕлӕ абон ахуыр хуымӕтӕг режимы нӕ райдыдта республикӕйы 20 апрелы онг ӕнӕкусӕгон бонтӕ расидыны тыххӕй.
"Скъуыддзаг кӕндзыстӕм фарст майрӕмбоны. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый баст у ахуырады министрадимӕ нӕ, фӕлӕ иумӕйаг уавӕримӕ. Мах рахӕсдзыстӕм скъуыддзаг ӕмӕ фехъусын кӕндзыстӕм уый тыххӕй алкӕмӕндӕр", - загъта Гасситы Натали.
Амӕйразмӕ президент Бибылты Анатолий расидт 8-ӕй 20-ӕм апрельмӕ ӕнӕкусӕгон бонтӕ. Республикӕйы хицауад бакодта уӕлӕмхасӕн карантинон мадзӕлттӕ республикӕйы коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн. Уӕрӕсеимӕ арӕн сӕхгӕдтой 1 майы онг. Марты республикӕйы къухдариуӕгад фехъусын кодта Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕны сӕхгӕды тыххӕй. Республикӕйы ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон бынӕттӕ. Кусынц ӕрмӕстдӕр хӕлцадон дуканитӕ ӕмӕ афтектӕ.