Цӕгат Иры коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты нымӕц схызт 65-мӕ

Коронавирусы апарахаты тыххӕй Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав адарддӕр кодта ӕнӕкусӕгон бонтӕ республикӕйы 30 апрелы онг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 апр — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны иу суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй ноджы 13 фӕрынчынуӕвӕджы. Республикӕйы фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц цыппӕрӕмы райсоммӕ у 65 адӕймаджы. Уый тыххӕй хъусын кӕны регионы Роспотребнадзор.

"Иумӕйагӕй медицинон хъусдарды бын хисӕрмагонд изоляцийы сты республикӕйы 903 цӕрӕджы. Медицинон хъусдардӕй систой 1572 адӕймаджы", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Коронавирусы апарахаты тыххӕй Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав адарддӕр кодта ӕнӕкусӕгон бонтӕ республикӕйы 30 апрелы онг.

Цӕгат Иры психологтӕ уадзынц ӕнӕаргъ консультацитӕ пандемийы рӕстӕджы

Амӕйразмӕ Роспотребнадзоры фехъусын кодтой COVID-19-ы тесттӕ кӕй нал ӕрвитдзысты дыккаджы басгӕрстмӕ референс-центрмӕ.

Уӕрӕсейы COVID-19-ӕй фӕрынчынуӕвджыты нымӕц у 24 567 (уыдонӕй 14 776 Мӕскуыйы). Бӕстӕйы ауагътой иу милуан ӕмӕ ӕрдӕг тесты. Вирусӕй фӕмард сты 201 адӕймаджы.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Дунейы вирусӕй ныридӕгӕн фӕрынчын сты дыууӕ милуан адӕймагӕй фылдӕр, 113 мин адӕймагӕй фылдӕр фӕмард сты.