Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайад рацыд ног бӕстыхаймӕ

Уый размӕ столицӕйы мидхъуыддӕгты хайад уыд чысыл иууӕладзыгон бӕстыхайы Мӕскуыйаг микрорайоны. Ныр та горӕты милицийӕн радтой хъалонон уагдоны раздӕры бӕстыхай
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы мидхъуыддӕгты хайад ракодтой ног бӕстыхаймӕ, кӕцы ис Хъайтарты уынгыл, 7. Уый размӕ уым уыд республикӕйы хъалонтӕ ӕмӕ фиддонты фӕдыл комитет, фехъусын кодта Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕйы кусӕг Джиоты Алик.

Хуссар Иры Кадетон скъолайӕн фӕзындзӕн ног бӕстыхай

Бӕстыхайы сӕххӕст кодтой цалцӕггӕнӕн куыстытӕ. Милицийы кусджытӕн сарӕзтой службӕйы хорз уавӕртӕ, бӕстыхӕйтты ис ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ифтонггарз.

Уый размӕ столицӕйы мидхъуыддӕгты хайад уыд чысыл иууӕладзыгон бӕстыхайы Мӕскуыйаг микрорайоны. Ныр ацы бӕстыхайы ис ӕнӕведомствӕйон хъахъхъӕнынады хайад ӕмӕ МХМ профессионалон цӕттӕкӕнынады центр.