Уӕлвӕткон министрады радзырдтой Цхинвалы сабийы фӕхъӕстӕйы аххосӕгтӕ

Сывӕллоны рынчындонмӕ фӕхӕццӕ кодтой уӕззау уавӕры, фӕлӕ дохтырты фӕрцы ныр йӕ цардӕн ницы тас у
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад фехъусын кодта дыууадӕсаздзыд лӕппуйы угарон газӕй фӕхъӕстӕйы цауы лыстӕгдзинӕдтӕ. Хисӕрмагонд хӕдзары уӕлӕмхас амады донхъармгӕнӕн ӕвӕрд уыд фӕткхӕлдтимӕ, уый ссис сывӕллоны фӕхъӕстӕйы аххосаг, фехъуысын кодтой Sputnik УУМ пресс-службӕйы.

Цхинвалы фервӕзын кодтой сывӕллоны, кӕцы фӕхъӕстӕ ис газӕй

Цыппӕрӕмы 20:30 сахатыл УУМ радгӕсон службӕмӕ фӕсидтысты МХМ-йы горӕты хайадӕй дыууадӕсаздзыд лӕппуйы фӕхъӕстӕйы тыххӕй.

"Бынатмӕ бацыдысты уӕлвӕткон уагдоны ирвӕзынгӕнджытӕ ӕрцӕугӕ цауы аххосӕгтӕ сбӕлвырд кӕныны тыххӕй. Угарон газ ахъуызыд, донхъармгӕнӕн техникон ӕдасдзинады домӕнтӕм гӕсгӕ  ӕвӕрд кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй", -  загъта уагдоны пресс-секретарь Тедеты Роза.

Уый ма банысан кодта, сывӕллоны рынчындонмӕ кӕй фӕхӕццӕ кодтой уӕззау уавӕры, фӕлӕ дохтырты фӕрцы ныр йӕ цардӕн ницы тас у.