Хуссар Иры сдезинфекци кодтой уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы

Дезинфекци уагъд ӕрцыд Цхинвал ӕмӕ Дзауы ӕфсӕддон дӕлхайӕдты, афтӕ ма хъахъхъӕнӕн заставӕты, ӕмдзӕрӕндӕтты, бирӕфатерон хӕдзӕртты ӕмӕ базӕйы ӕндӕр объектты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 апр - Sputnik. Хуссар Ӕфсӕддон зылды (ХӔЗ) 58-ӕм ӕфсады радиацион, химикон ӕмӕ биологон хъахъхъӕнынады специалисттӕ сдезинфекци кодтой Хуссар Ирыстоны 4-ӕм уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы объекттӕ.

"ХӔЗ ӕфсӕддонтӕ сдезинфекци кодтой 150-йӕ фылдӕр бӕстыхайы Цхинвалы ӕфсӕддон городокы, Дзауы, афтӕ ма хъахъхъӕнӕн заставӕты, ӕмдзӕрӕндӕтты, бирӕфатерон хӕдзӕртты, спорткомплекс, штаб, казармӕтӕ, клуб, сабидон, ахуырадон кълӕстӕ, автомобилон паркы агъуыстытӕ", - дзырдӕуы ХӔЗ пресс-службӕйы хъусинаджы.

Бӕстыхӕйтты мидӕгӕй дезинфекци кӕныны рӕстӕджы пайда кодтой санитарон тӕнгъӕдӕй, фӕндӕгтӕ ӕмӕ къултӕ та бапырх кодтой станцитӕ АРС-14КМ ӕмӕ раствор ДТС-ГК-йӕ.

Хуссар Иры сдезинфекци кодтой уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы

Пресс-службӕйы банысан кодтой, ХӔЗ ӕфсӕддонтӕ ма кӕй сдезинфекци кодтой Цӕгат Ирыстоны 412-ӕм ӕфсӕддон госпиталы объекттӕ дӕр.

Уӕрӕсейы COVID-19-ӕй фӕрынчынуӕвджыты нымӕц у 42 983. Вирусӕй фӕмард сты 363 адӕймаджы.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Дунейы вирусӕй ныридӕгӕн фӕрынчын сты дыууӕ милуан адӕймагӕй фылдӕр, 165 мин адӕймамӕ ӕввахс фӕмард сты.