Ленингоры районы ӕртыккаг бон хуыссын кӕнынц зынгсирвӕзт

Хуссар Ирыстоны хъӕдты судзы хус сыфтӕр – зынгсирвӕзтты гуырӕнтӕм зынгфӕдисонтӕ цӕуынц къахӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 апр – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) зынгфӕдисонтӕ ӕртыккаг бон тох кӕнынц артимӕ Ленингоры районы, фехъусын кодта Sputnik Ленингоры поселочы зынгфӕдисон-ирвӕзынгӕнӕн хайады хистӕр Лазарты Михаил.

Зынгсирвӕзт ӕрцыд хъӕдджын бынаты Ленингоры поселочы цур.

"Хъӕдты судзы хус сыфтӕр. Ӕртӕ хатты кусджыты смобилизаци кодтой ӕмӕ сӕ арвыстой хъӕдмӕ. Бонӕй артыл фӕтых вӕййӕм, фӕлӕ та хсӕвы ногӕй ссудзы", - загъта Лазарты Михаил.

Зынвадат бынат кӕй у, уый фӕдыл техникӕ уырдӕм нӕ цӕуы ӕмӕ зынгфӕдисонтӕ схизынц къахӕй.

Ленингоры районы ӕртыккаг бон хуыссын кӕнынц зынгсирвӕзт

Лазарты Михаил бафтыдта, зынгсирвӕзты фылдӕр хай кӕй ахуыссын кодтой, баззад ма дзы чысыл гуырӕнтӕ, кӕцыты ныхмӕ дарддӕр тох кӕндзысты. Арт аиуварс кӕнынӕн УУМ кусджытӕн ӕххуыс кӕнынц хъӕуы цӕрджытӕ ӕмӕ барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ.

Ленингоры районы ӕртыккаг бон хуыссын кӕнынц зынгсирвӕзт

Хуссар Ирыстоны ацы уалдзӕг фӕфылдӕр зынгсирвӕзтты нымӕц быдыртӕ ӕмӕ хъӕдты. Фылдӕр хатт зынгсирвӕзтты аххосаг уыд адӕймагон фактор – адӕм сыгътой хус кӕрдӕг быдырон куыстыты рӕстӕджы. УУМ сӕргълӕууӕг Цоциты Азӕмӕт банысан кодта, республикӕйы зынгсирвӕзтты ахӕм егъау нымӕц кӕй нӕ уыд фӕстаг дӕс азы.