ЦХИНВАЛ, 20 апр - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны иу суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой COVID-19-ӕй 32 фӕрынчынуӕвӕджы. Къуырисӕры райсоммӕ фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у 177 адӕймаджы. Уый тыххӕй хъусын кӕны Роспотребнадзор.
"143 адӕймаджы сты амулаторон хоскӕнынадыл, 23 адӕймаджы цӕуынц хоскӕнынад "РКБСМП"-йы, фараст пациентӕн схос кодтой", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, медицинон хъусдарды бын хисӕрмагонд изоляцийы сты республикӕйы 1075 цӕрӕджы. Медицинон хъусдардӕй систой 2007 адӕймаджы.
Уӕрӕсейы COVID-19-ӕй фӕрынчынуӕвджыты нымӕц у 42 983. Вирусӕй фӕмард сты 363 адӕймаджы.
Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Дунейы вирусӕй ныридӕгӕн фӕрынчын сты дыууӕ милуан адӕймагӕй фылдӕр, 165 мин адӕймамӕ ӕввахс фӕмард сты.