Кремлы схуыдтой æнæзаконон Дзæуджыхъæуы протестон акцийы

Цæгат Ирыстоны сæйраг горæты къуырисæры ацыд æнæсанкцион митинг, цы ран хайад райстой хиизоляцийы режимимæ разы чи не сты, уыцы æмбæстæгтæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 апр - Sputnik. с.

Къуырисæры Цæгат Ирыстоны цæрджытæ рахызтысты митингмæ, цæмæй равдисой се 'нæразыдзинад хиизоляцийы режимæй. Республикæйы хицауад куыд фехъусын кодта, афтæмæй 200 онг адæймаджы æрдомдтой режимы аивд æмæ уырнын кодтой, вирус тæссаг кæй нæу.

"Куыд фæндыйæ дæр ацы акци уыд æнæзаконон æмæ гæнæн ис æмæ расайа  негативон фæстиуджытæ эпидемиологон уавæрæн. Адæм æрæмбырд сты иумæ, нæ хъахъхъæдтой социалон дистанци. Цалдæр боны фæстæ уымæн уыдзæн æвзæр кæрон", - загъта Песков журналисттæн.

Уый банысан кодта, бынæттон къухдариуæгады кæй хъæуы æруынаффæ кæнын инициативон къордимæ æрцæугæ хабары фæдыл.

"Адæм ацы механизмы фæлгæтты фехъусын кæндзысты сæ проблемæты тыххæй хицауадæн, уый саразын хъæуы сабырæй, диалогы руаджы", - бахахх кодта Песков.

Битарты Вячеслав дыццæджы райсомæй ралæууыд видео-æрсидтимæ республикæйы цæрджытæм æмæ сæм бахатыд хæдзæртты баззайын. Уый ма фехъусын кодта æххуысы тыххæй æмбæстæгтæн, кæцытæ баззадысты æгуыстæй коронавирусы тыххæй.