Дзæуджыхъæуы æрцахстой митингы организатор Челдыты Вадимы

Дзæуджыхъæуы къуырисæры ацыд æнæсанкцион митинг, цы ран хайад райстой, хиизоляцийы режимимæ разы чи не сты, уыцы æмбæстæгтæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 апр — Sputnik. Дзæуджыхъæуы дыууæ мæйы æмгъуыдмæ æрцахстой раздæры оперон зарæггæнæг Челдыты Вадимы, кæцымæ зæрдæ æхсайы хицауады минæвары ныхмæ тыхæй спайда кæныны æмæ COVID-19ы фæдыл фейктæ парахат кæныны хъуыддаджы. Афтæ ма уый аххосджын кæнынц массон акциты хайад расыны тыххæй сидтыты. Уый тыххæй хъусын кæны Цæгат Ирыстоны тæрхондæтты иумæйаг пресс-службæ.

 

"Дзæуджыхъæуы Ленинаг тæрхондон 20 апрелы 2020 азы аскъуыддзаг кодта Челдыты Вадимы ахæстоны бакæнын дыууæ мæйы æмгъуыдмæ - ахæм куырдиат тæрхондонмæ барвыста Цæгат Иры Слестгæнæн комитеты Слестгæнæн управлени", - дзырдæуы хъусинаджы.

Дыууæ къуырийы размæ Челдыты Вадим райдыдта сидын цæрджытæм ма æххæст кæнын хиизоляцийы режим æмæ æндæр арæнæвæрд мадзæлттæ, кæцытæ хицауад рахаста коронавирусы ныхмæ тохы фæлгæтты.

Кремлы схуыдтой æнæзаконон Дзæуджыхъæуы протестон акцийы

20 апрелы республикæйы цæрджытæ рахызтысты митингмæ. Активисты цалдæр боны размæ æрцахстой Санкт-Петербурджы æмæ йæ æркодтой Дзæуджыхъæумæ. 

Протестон акцийы уыд Цæгат Иры Роспотребнадзоры хистæр Тыбылты Алан, кæцы схуыдта уавæр катастрофон æмæ банысан кодта, акци кæй схизын кæндзæн короновирусæй рынчынты нымæц.

Акци æнæхъусдард нæ баззад Мæскуыйы æрдыгæй дæр - Кремлы пресс-секретарь Дмитрий Песков загъта журналисттæн, уый кæй уыд æнæзаконон æмæ йæ фæстæ расайдзæн негативон фæстиуджытæ эпидемиологон уавæрæн.

Битарты Вячеслав дыццæджы райсомæй ралæууыд видео-æрсидтимæ республикæйы цæрджытæм æмæ сæм бахатыд хæдзæртты баззайын. Уый ма фехъусын кодта æххуысы тыххæй æмбæстæгтæн, кæцытæ баззадысты æгуыстæй коронавирусы тыххæй.