Цхинвалы цӕгаттаг хайы трассӕйыл ссыгъд хӕдтулгӕ

Цау ӕрцыд дыццӕджы изӕры, хӕдтулгӕйӕн басыгъд йӕ мотор,  зынгсирвӕзты рӕстӕджы уды зиан не 'рцыд
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 апр – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны сӕйраг сахары цӕгаттаг фарс трассӕйыл цӕугӕйӕ ссыгъд УАЗ маркӕ хӕдтулгӕ, фехъусын кодтой Sputnik УУМ пресс-службӕйы.

Инцидент ӕрцыд дыццӕджы изӕры.

"Уӕлвӕткон уавӕрты радгӕсон службӕмӕ фӕсидтысты дыццӕджы 18:14 сахатыл. Ссыгъд хӕдтулгӕйы моторы хай. Зынгирвӕзты рӕстӕджы уды зиан не рцыд. Хӕдтулгӕ цыд цӕгаттаг фарсӕй Цхинвалы рдӕм", - радзырдтой пресс-службӕйы.

Уагдоны ма бафтыдтой, ныридӕгӕн зынгирвӕзты аххосӕгтӕ кӕй цӕуынц сгӕрст.