Иры фысджыты Цӕдисы ӕмсӕрдар бахауд Беслӕны рынчындонмӕ

Ирон фыссӕг Хъазиты Мелитонӕн сарӕзтой ӕртӕй операцийы иу мӕймӕ, уыдоны фӕстӕ уый нырма дӕр ис клиникӕйы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 апр – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Ирыстоны фысджыты Цӕдисы ӕмсӕрдар Хъазиты Мелитон бахауд рынчындонмӕ, абоны онг йын сарӕзтой ӕртӕ операцийы, фехъусын кодта Sputnik фыссӕджы ӕмкъай Тъотъоты Елена.

Хъодалаты Герсан: æнæ поэзийæ литературæ уаид æрдæгмард

Уый банысан кодта, Хъазиты Мелитонӕн рагӕй кӕй уыд проблемӕтӕ йӕ зӕрдӕимӕ, ӕмӕ йӕ уый фӕдыл схуыссын кодтой Цӕгат Кавказы бирӕпрофилон медицинон центры Беслӕны.

"Мелитонӕн рӕсыдысты йӕ къӕхтӕ йӕ зӕрдӕимӕ проблемӕты тыххӕй. Уый фӕстӕ йын фӕзынд цӕф, кӕцы бирӕ рӕстӕг нӕ байгас ис. Къахӕн сопераци кодтой, цалдӕр боны фӕстӕ та ацыд дыккаг операци – уымӕн раивтой йӕ зӕрдӕйы тугдадзинтӕ", - радзырдта Тъотъоты Елена.

Уый ма фехъусын кодта, фыссӕджы ӕртыццӕджы кӕй ракодтой реанимацийӕ палатӕмӕ.

"Ӕртыккаг операци ацыд ацы бонты. Йӕхи нырма лӕмӕгъ хаты. Тынг тыхсын, мӕ бон кӕй нӕу ацӕуын Мелитонмӕ карантины тыххӕй. Сӕ хъус ӕм дарынц нӕ хиуӕттӕ, фӕлӕ уӕддӕр зын у, йӕ бинонтӕ йӕ фарсмӕ кӕй не сты, уый тыххӕй", - загъта уый.

Тъотъоты Елена бафтыдта, зӕгъгӕ, дохтырты ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хъазиты Мелитонӕн тагъд рӕстӕджы схос кӕндзысты.

Хъазиты Мелитоны ном бацыд ирон литературӕйы историмӕ 1971 азы, уӕд рацыд мыхуыры йӕ фыццаг чиныг – радзырдты ӕмбырдгонд "Зӕлы зарӕг". Уый фӕстӕ фыссӕгӕн рацыд ноджы 45 чиныджы. Сӕ нымӕцы фыццаг ирон роман студентон царды тыххӕй "Переходный период".

Хъазиты Мелитон куыста алыгъуызон бӕрнон бынӕтты – уыд парламенты сӕрдары хӕдивӕг, Паддзахадон телеуынынады директор. Абон у Ирыстоны фыссджыты Цӕдисы ӕмсӕрдар, ХИПУ ахуыргӕнӕг, ис ын профессоры ном. Афтӕ ма Хъазиты Мелитон у Хетӕгкаты Къостайы премийы лауреат.