Цытджын æмæ хуымæтæг: Хуссар Иры минæвар Абхазы президенты инаугурацийы тыххæй

Церемонийы хайад райстой парламенты депутаттæ, тæрхондæтты тæрхонгæнджытæ, ЦӔК-ы сæрдар, æвзæрст президенты хиуæттæ - æдæппæтæй 58 адæймаджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 апр — Sputnik, Плиты Фатимæ. Абхазы республикæйы президент Аслан Бжанияйы инаугураци ацыд цытджын, фæлæ  хуымæтæг уавæрты, фехъусын кодта Sputnik, церемонийы хайадисæг, Хуссар Ирыстоны минæвар Абхазы Боциты Олег.

Хуссар Ир æмæ Абхаз бафысдзысты æхсæнадæмон автомобилон бастдзинады бадзырд

Мадзал ацыд Абхазы президенты администрацийы конференц-залы.

"Инаугураци ацыд цытджын æмæ уыимæ иумæ хуымæтæг уавæрты. Хайад дзы райстой парламенты депутаттæ, конституцион æмæ уæлдæр тæрхондæтты тæрхонгæнджытæ, ЦӔК-ы сæрдар, æвзæрст президенты хиуæттæ. Ӕдæппæтæй 58 адæймаджы", - загъта Боциты Олег.

Дипломаты ныхæстæм гæсгæ, церемонийы архайдтой Уæрæсе, Хуссар Иры æмæ Днестргæрон республикæйы минæвæрттæ.

"Раныхас кодта Абхазы президент Аслан Бжания, уымæн радтой йæ бынаты атрибуттæ - хъама, печать æмæ алабаша. Ныхасы рацыдысты æндæр бæстæты официалон минæвæрттæ. Церемони уыд цыбыр", - бафтыдта минæвар.

Инаугурацийы фæстæ уыд ног президенты официалон химæрайст.