ЦХИНВАЛ, 28 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны дыццӕджы тесттӕ аразынц Уӕрӕсейӕ ӕрцӕуӕг радон къордӕн коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл. Уый тыххӕй Sputnik радзырдта "Югосетпотребнадзор"-ы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.
Уый банысан кодта, дыццӕджы райсоммӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ медикты хъусдарды бын стационарон уавӕрты кӕй сты ӕмткӕй 34 адӕймаджы.
"Уыдонӕн сӕ фылдӕр - 22 адӕймаджы - сты Цхинвалы рынчындоны, кӕцытӕ республикӕмӕ ӕрцыдысты Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады ӕмархайдӕй. Фарастӕй хуыссынц рынчындоны инфекцион хайады ӕмӕ ӕртӕ та Ленингоры", - радзырдта уый.
Гаглойты Аннайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныридӕгӕн фӕкъаддӕр ис хъусдарды бын цы адӕм ис, уыдон нымӕц дӕр.
"Хиизоляцийы ис ӕмткӕй 13 адӕймаджы, уыдонӕй ӕртӕ Цхинвалы ӕмӕ дӕс та Ленингоры",- загъта "Югосетпотребнадзор"-ы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг.