Хуссар Ирмӕ ӕрыздӕхдзысты Уӕрӕсейӕ республикӕйы ноджы 20 ӕмбӕстаджы

Республикӕйы къухдариуӕгад сорганизаци кодта ӕмбӕстӕгты ӕрыздӕхт 14 апрелы. Ӕмбӕстӕгты ласынц къордтӕй фӕйнӕ 10 адӕймаджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 апр - Sputnik, Коцты Анна. Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгты ӕртыккаг къорд ӕрыздӕхдзӕн республикӕмӕ ацы къуыри, уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг арӕны уылты рахиздзысты 20 адӕймаджы.

Уый тыххӕй дыццӕджы фехъусын кодта ФХМ сӕргълӕууӕг Медойты Дмитрий республикӕмӕ коронавирусы ӕрбахызт ма ‘руадзыны фӕдыл оперативон штабы рабадтыл.

"Ӕмбӕстӕгты ласдзыстӕм дыууӕ этапы. Дӕс адӕймаджы ӕрыздӕхдзысты абон, дыккаг къорд та цыппӕрӕмы, 30 апрелы", - загъта Медойты Дмитрий.

Пассажиртӕ Цхинвалмӕ куы 'рцӕуой, уӕд сӕ бакӕндзысты карантины республикон рынчындонмӕ.

Хуссар Ирмӕ ӕрыздӕхыны фӕдыл УФ консулон агентадмӕ бахатыд ноджы 60 адӕймаджы

Республикӕйы ӕмбӕстӕгты ӕрыздӕхт реализаци цӕуы Хуссар Ирыстоны ФХМ консулон агентады уылты РЦИ-Аланийы. Абоны бон дипломатон минӕварадмӕ бадзырдтой 57 ӕмбӕстаджы, кӕцыты фӕнды ӕрцӕуын Хуссар Ирыстонмӕ. Ӕмбӕстӕгты ласынц ӕнӕаргъӕй паддзахадон транспортыл.

Хуссар Ирыстоны абоны бон нӕй коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджытӕ. Республикӕйы хицауад бакодта уӕлӕмхасӕн карантинон мадзӕлттӕ республикӕйы коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн. Уӕрӕсеимӕ арӕн сӕхгӕдтой 1 майы онг. Марты республикӕйы къухдариуӕгад фехъусын кодта Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕны сӕхгӕды тыххӕй. Республикӕйы ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон бынӕттӕ. Кусынц ӕрмӕстдӕр хӕлцадон дуканитӕ ӕмӕ афтектӕ.

Амӕйразмӕ президент Бибылты Анатолий адарддӕр кодта ӕнӕкусӕгон бонтӕ 30 апрелы онг.