Зассеты Жанна: домдзӕн "Ӕнӕмӕлгӕ полк"-ӕн традицион цыд ауадзын

Хуссар Ирыстоны культурӕйы министр загъта йӕ хъуыды "Ӕнӕмӕлгӕ полк"-ы онлайн-цыд ауадзыны фӕдыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 апр – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны нырма не ‘ркастысты "Ӕнӕмӕлгӕ полк"-ы цыд онлайн режимы ауадзыны фарстмӕ, фехъусын кодта Sputnik культурӕйы министр Зассеты Жанна.

Амӕйразмӕ президент Бибылты Анатолийы барамындӕй Уӕлахизы боны цытӕн мадзӕлттӕ аргъӕвтой коронавирусы тасы тыххӕй.

"Ӕнӕмӕлгӕ полк"-ы цыд, кӕцы нывонд у Стыр Фыдыбӕстон хӕсты 75-ӕм юбилейӕн, ацы аз 9 майы ацӕудзӕн видеотрансляцийы режимы пандемийы тыххӕй. Онлайн-акци нывӕндынц ауадзын интернеты уылты дунейы 170 бӕстӕйы.

"Ӕз домдзӕн "Ӕнӕмӕлгӕ полк"-ӕн традицион цыд ауадзын. Цыды рӕстӕджы адӕм ӕмбӕлынц, кӕрӕдзиимӕ ныхӕстӕ кӕныц, уыдон цӕрынц уымӕй иннӕ парады онг", - загъта министр.

Зассеты Жанна банысан кодта, "Ӕнӕмӕлгӕ полк"-ы цыд кӕй ацӕудзӕн Уӕлахизы Парад Цхинвалы ауадзыны бон.

Хуссар Ирыстоны аргъӕвтой Уӕлахизы парад

Уагдоны сӕргълӕууӕг бафтыдта, ӕввахс рӕстӕджы кӕй ацӕудзӕн Уӕлахизы боны парадмӕ цӕттӕкӕнынады фӕдыл штабы рабадт, цы ран ӕркӕсдзысты ацы фарстмӕ.

2019 азы Хуссар Ирыстоны авд мин цӕрӕгӕй фылдӕр хайад райстой акци "Ӕнӕмӕлгӕ полк"-ы.

Акци "Ӕнӕмӕлгӕ полк" Хуссар Ирыстоны уагъд цӕуы дыууӕ этапы: фыццаг, офицерон полчы, раивы "удӕгас". Цыдмӕ рахизынц адӕм, кӕцытӕ 1989-2008 азты фесӕфтой сӕ хиуӕтты республикӕйы хӕдбардзинады тыххӕй хӕсты рӕстӕджы.