Стыр ныфс: президент уӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнджыты миссийы тыххӕй Хуссар Иры

Хуссар Ирыстоны уӕвӕг Уӕрӕсейы ӔФС Арӕнгӕрон управлени абон нысан кӕны йӕ сырӕзты 11 азы. Ацы датӕйы фӕдыл арӕнхъахъхъӕнджытӕн раарфӕ кодта хуссарирыстойнаг лидер
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны уӕвӕг Уӕрӕсейы ӔФС Арӕнгӕрон управленийы ӕфсӕддонты профессионалондзинад ӕмӕ цӕттӕдзинады бӕрзонд ӕмвӕзады фӕрцы зынгӕ фӕкъаддӕр сты арӕныл фӕткхалӕн цаутӕ, дзырдӕуы президент Бибылты Анатолийы арфӕйы телы Арӕнгӕрон управленийы сӕргълӕууӕг Владимир Щемелинины адресыл.

Хуссар Ирыстоны уӕвӕг Уӕрӕсейы ӔФС Арӕнгӕрон управлени абон нысан кӕны йӕ сырӕзты 11 азы.

Президент  банысан кодта Арӕнгӕрон управленийы ахсджиаг роль республикӕйы ӕдасдзинад бахъахъхъӕныны хъуыддаджы.

Хуссар Иры УФ ӔФС Арӕнгӕрон хайады сӕвзӕрдыл сӕххӕст 11 азы

"Уӕ службӕйы иууыл хуыздӕр традицитӕ хъахъхъӕнгӕйӕ, хъӕбатырдзинад ӕмӕ ӕхсардзинады дӕнцӕг уӕвгӕйӕ уӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнджытӕ кадджынӕй ӕххӕст кӕнынц сӕ мисси Хуссар Ирыстоны, иуварс кӕнынц террористон тас ӕмӕ республикӕйы территориалон ӕнӕхъӕндзинад фехалыны фӕлвӕрдтӕ", - дзырдӕуы арфӕйы телы.

Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг бузныг загъта уӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнджытӕн цӕсгомджын службӕ ӕмӕ профессионалондзинады тыххӕй ӕмӕ банысан кодта, сӕ куыст кӕй у ахсджиаг национ ӕдасдзинад бахъахъхъӕныны хъуыддаджы.

Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Уӕрӕсе 2009 азы 30 апрелы  бафыстой дыууӕварсон бадзырд хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг арӕн иумӕйаг тыхтӕй хъахъхъӕныны фӕдыл. Ацы датӕ ссис Уӕрӕсейы ӔФС Арӕнгӕрон управленийы сырӕзты бон.