Курсантты фыццаг къорд ӕрыздӕхдзӕн Хуссар Ирмӕ къуырисӕры

Республикӕмӕ пандемийы тыххӕй иумӕйагӕй ӕрыздӕхдзысты уӕрӕсейаг ахуырадон уагдӕтты 270 курсанты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 мая - Sputnik. Хуссар Ирыстонмӕ абон, 4 майы, ӕрыздӕхдзӕн уӕрӕсейаг ахуырадон уагдӕтты курсантты фыццаг къорд, уый тыххӕй фехъусын кодтой коронавирусон инфекцийы апарахат ма ‘руадзыны фӕдыл оперативон штабы рабадтыл, кӕцы ацыд премьер-министр Пухаты Эрикы къухдариуӕгады бын.

Хуссар Ирмӕ сӕрдыгон каникулты ӕрыздӕхдзысты 300-мӕ ӕввахс курсанты

Хицауады пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй, республикӕмӕ фыццаг ӕрыздӕхынц курсанттӕ Новосибирск ӕмӕ Рязанӕй, кӕцыты бакӕндзысты карантины Дзауы рынчындонмӕ.

Хуссар Ирыстоны сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина банысан кодта, Югосетпотребнадзоры комитет кӕй цӕттӕ кӕны ӕмбӕстӕгты райсынмӕ. Республикӕмӕ иумӕйагӕй ӕрыздӕхдзысты уӕрӕсейаг ахуырадон уагдӕтты 270 курсанты.

"Махмӕ ӕрцӕуынц курсанттӕ, ӕмӕ сын мах цӕттӕ кӕнӕм бынӕттӕ республикӕйы медицинон уагдӕтты. Афтӕ ма басгӕрстам Дзауы рынчындон, уым ис хорз уавӕртӕ курсанттӕн", - загъта Коцты Марина.

Республикӕйы Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Тотчиты Георгий баныфсӕвӕрдта, медицинон персоналмӕ кӕй ис алцыдӕр ӕмбӕстӕгтимӕ кусынӕн карантины.

Хицауады сӕрдар ӕрсидт уагдӕтты разамонджытӕм сорганизаци кӕнын карантины ӕмбӕлон уавӕртӕ курсанттӕн.

"Ӕрцӕугӕ курсанттимӕ хъуамӕ мацы контакттӕ уа. Арӕнӕвӕрдон фӕтктӕ куы ӕххӕст кӕнӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн хорз фӕстиуджытӕ коронавирусимӕ тохы", - банысан кодта Пухаты Эрик.

Хуссар Ирыстоны абоны бон нӕй коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджытӕ. Республикӕйы хицауад бакодта уӕлӕмхасӕн карантинон мадзӕлттӕ республикӕйы коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн. Ӕхгӕд сты паддзахадон арӕнтӕ Гуырдзыстон ӕмӕ Уӕрӕсеимӕ. Республикӕйы ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон бынӕттӕ. Кусынц ӕрмӕстдӕр хӕлцадон дуканитӕ ӕмӕ афтектӕ.