УФ премьер-министр: нывӕндӕм сфидар кӕнын ӕмгуыстад Хуссар Иры хицауадимӕ

Уӕрӕсейы хицауады сӕрдар банысан кодта, кӕй адарддӕр кӕндзысты пайдаджын иумӕйаг куыст хицауадон хаххыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 мая - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Пухаты Эрик бахаста стыр хайбавӕрд уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг ахастыты райрӕзтмӕ, кӕцытӕ арӕзт сты ӕмбалады принциптыл, банысан кодта уӕрӕсейаг премьер-министр Михаил Мишустин йӕ арфӕйы йӕ коллегӕйы райгуырӕн боны цытӕн.

"Нывӕндӕм адарддӕр кӕнын пайдаджын иумӕйаг куыст Хицауадон хаххыл, цӕмӕй сфидар кӕнӕм практикон ӕмгуыстад базарадон-экономикон, культурон ӕмӕ гуманитарон фадгуыты", - бахахх кодта Мишустин.

Афтӕ ма уӕрӕсейаг хицауады сӕрдар барвыста Пухаты Эрикмӕ арфӕйы тел УФ министрты кабинеты номӕй ӕмӕ йын йӕ цӕст бауарзта ӕнтыстытӕ йӕ дарддӕры архайды бӕрнон бынаты.