Хуссар Иры ветерантӕн раарфӕ кодтой Владимир Путины номӕй

Уӕлахизы Парад ацы аз 9 майы нӕ ацӕудзӕн, фӕлӕ алкӕцы ветеранӕн дӕр уыцы бон Цхинвалы ауадздзысты йӕхи сӕрмагонд парад 
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 май - Sputnik. Уӕлахизы бон банысан кӕныны размӕ Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов бабӕрӕг кодта  республикӕйы ветеранты - Стыр Фыдыбӕстон хӕсты хайадисджыты. Уый фӕхӕццӕ кодта ветерантӕн Уӕрӕсейы президент Владимир Путины арфӕтӕ Стыр Уӕлахизыл 75 азы сӕххӕсты цытӕн.

Хуссар Иры ветерантӕн раарфӕ кодтой Владимир Путины номӕй

Ацы аз Хуссар Ирыстоны ахастой Уӕлахизы парад коронавирусы апарахаты тасӕй, фӕлӕ Хъахъхъӕнынады министрад ауадздзӕн хисӕрмагонд парадтӕ адкӕцы ветеранӕн дӕр. 9 майы ӕфсӕддонтӕ ацӕудзысты цытджын маршӕй хӕсты алы хайадисӕджы хӕдзары цур дӕр Цхинвалы. 

Хуссарирыстойнаг столицӕйы ӕдӕппӕт ацӕудзӕн ӕхсӕз парады ветеранты бинонтӕн (уыдонӕй дыууӕ цӕрынц иу уынгыл): Мамсыраты фырты, Советон, Тасойты Инал ӕмӕ Октябры уынджы алвӕндаг, Аланты, Дмитровы ӕмӕ Калинины уынгтыл.