Ӕрсидт карантины уавӕрты: Хуссар Иры иу мӕймӕ изоляци кӕнынц ногӕрсидтонты

Республикӕйы Хъахъхъӕнынады министрад уадзы ӕфсӕддон службӕмӕ ӕрсидт 18-27 азы кары ӕмбӕстӕгтӕм
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 мая - Sputnik. Солдатты ротӕ, кӕцытӕ бацыдысты ӕфсӕддон службӕмӕ уалдзыгон ӕрсидты рӕстӕджы, сизоляци кӕндзысты иу мӕймӕ ахуырадон центры Хъахъхъӕнынады министрады мадзӕлтты фӕлгӕтты коронавирусимӕ тохы фӕдыл.

Хъахъхъӕнынады министрады радзырдтой, кӕд райдайдзӕн уалдзыгон ӕрсидт Хуссар Иры ӕфсадмӕ

Ӕрсидтонты фыццаг къордтӕ ныридӕгӕн рацыдысты медицинон басгӕрст ӕмӕ сӕ арвыстой ахуырадон центрмӕ.

Сӕ изоляцийы ӕмгъуыд ӕмхуызон у ӕвзонг ӕфсӕддоны курс рацӕуыны ӕмгъуыдимӕ, фехъусын кодтой министрады пресс-службӕйы. Курс рацӕуыны фӕстӕ ӕрсидтонтӕ ӕфсӕддон ард бахӕрдзысты ӕмӕ сӕ арвитдзысты ахуырадон ротӕмӕ дарддӕры службӕмӕ.

Афтӕ ма националон Гарзджын тыхты скондӕй ссӕрибар кӕндзысты ӕфсӕддон службӕ чи рацыд, уыцы солдатты.