Хисӕрмагонд бӕрӕгбон: Цхинвалы ветеранты хӕдзӕртты раз рацыд парадтӕ

Стыр Фыдыбӕстон хӕсты уӕлахизыл 75 азы сӕххӕсты фӕдыл раарфӕ кодтой ветерантӕ Цоциты Амиран, Кокойты Григорий, Къусраты Илья ӕмӕ Ӕлборты Евгенияйӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ацыд хисӕрмагонд парадтӕ Стыр Фыдыбӕстон хӕсты архайджытӕй цыппарӕн. Ӕфсӕддонты рацыды фӕзуӕттӕ ссисты Мамсыраты Хадзы-Умары, Тасойты Иналы ӕмӕ Ӕфсӕнвӕндагон уынгтӕ. Стыр Фыдыбӕстон хӕсты уӕлахизыл 75 азы сӕххӕсты фӕдыл раарфӕ кодтой ветерантӕ Цоциты Амиран, Кокойты Григорий, Къусраты Илья ӕмӕ Ӕлборты Евгенияйӕн.

Хисӕрмагонд бӕрӕгбон: Цхинвалы ветеранты хӕдзӕртты раз рацыд парадтӕ

Фыццаг сӕрмагонд парад рацыд Цоциты Амираны хӕдзары раз.

"Цард зындзинӕдтӕй йемыдзаг у, фӕлӕ ахӕм мадзӕлттӕ хӕссынц нӕ цардмӕ рухс. Бузныг уын уӕ хъусдарды тыххӕй ацы вазыгджын рӕстӕджы. Зонын ӕй ӕз, абон нӕм кӕй ис ӕртӕ рынчыны коронавирусӕй, уымӕ гӕсгӕ уӕ хъусдард у уӕлдай ахсджиаг", - загъта ветеран президентӕн.

Парады фӕстӕ ветеранты раз ралӕууыдысты зарӕггӕнджытӕ Саппиаты Зӕлинӕ ӕмӕ Джиоты Сослан.

Хисӕрмагонд бӕрӕгбон: Цхинвалы ветеранты хӕдзӕртты раз рацыд парадтӕ

Парад рацӕуыны радон адрес ссис Мамсыраты Хадзы-Умары уынг, ам цӕры дыууӕ ветераны - Кокойты Григорий ӕмӕ Къусраты Илья. Фыццагӕн йе 'нӕниздзинад фадат нӕ радта йӕ хисӕрмагонд бӕрӕгбон фенын, ӕгӕрыстӕмӕй рудзынгӕй дӕр - уый у уатон рынчын. Уӕлахизы бонмӕ раарфӕ кӕнынмӕ хӕсты хъайтармӕ, кӕцы райста СФХ цӕфтӕ дӕр, схызт фатермӕ президент.

"Сымах фӕрцы мах абон цӕрӕм, стут уӕлахизы фӕлтӕр. Фидар фӕлӕут", - загъта президент Бибылты Анатолий.

Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддонты радон парад райста аннӕ ветеран Къусраты Илья. 

Хисӕрмагонд бӕрӕгбон: Цхинвалы ветеранты хӕдзӕртты раз рацыд парадтӕ

Парадон къордты рацыды ӕртыккаг бынат ссис Ӕфсӕнвӕндагон уынг, цы ран цӕры 100-аздзыд Ӕлборты Евгения. Уый рахызтыл кӕртмӕ ӕрӕмбырдуӕвджытӕ ӕмӕлдысты къухӕмдзӕгъдимӕ. Парады фӕстӕ айзӕлдысты хӕстон зарджытӕ.

Хисӕрмагонд бӕрӕгбон: Цхинвалы ветеранты хӕдзӕртты раз рацыд парадтӕ

Сӕрмагонд парадтӕ Стыр Фыдыбӕстон хӕсты архайджытӕн адарддӕр уыдзысты майрӕмбоны.