Хуссар Иры коронавирусы тыххӕй фӕтыхджындӕр кӕндзысты хъусдард медицинон уагдӕттӕм

МХМ сӕргълӕууӕг оперативон штабы рабадтыл банысан кодта хӕслӕвӕрдтӕ республикӕйы территорийыл коронавирусы апарахат ма ‘руадзынӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 мая — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) сӕргълӕууӕг Наниты Игорь бахӕс кодта уагдоны дӕлхайӕдты хистӕртӕн фӕтыхджындӕр кӕнын хъусдард республикӕйы медицинон уагдӕттӕм COVID-19-ӕй рынчынтӕ сбӕрӕг кӕныны тыххӕй. Уый тыххӕй хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

Фӕтыхджындӕр хъусдардмӕ райсдзысты медицинон уагдӕттӕ горӕт Цхинвалы, Дзау ӕмӕ Знауыры районты, афтӕ ма уазӕгдон "Алан", цы ранмӕ карантины бакодтой адӕмы, кӕцытӕ ӕрӕджы ӕрцыдысты республикӕмӕ.

"Республикӕмӕ ӕрцӕугӕ ӕмбӕстӕгтӕ гӕнӕн ис уой вирусӕй рынчын, уый фӕдыл уыдон хъуамӕ ма контакт кӕной бынӕттон цӕрджытимӕ", - загъта Наниты Игорь.

Афтӕ ма уагдоны сӕргълӕууӕг бахӕс кодта медицинон хайады хистӕрӕн сӕйраг хъусдард здахын уагдоны кусджыты хъахъхъӕнӕн фӕрӕзтӕй сифтонг кӕныны фарстмӕ.

Хуссар Иры ноджы аст адӕймаджы фӕрынчын сты коронавирусӕй

Уымӕй дарддӕр министр радта хӕслӕвӕрд МХМ дӕлхайӕдты хистӕртӕн, цӕмӕй ауадзой ӕмбарынгӕнӕн куыст мидхъуыддӕгты органты кусджытимӕ коронавирусы профилактикӕйы фӕдыл.

Хуссар Ирыстоны ӕртыццӕджы фехъусын кодтой коронавирусӕй ӕртӕ фӕрынчынуӕвӕджы тыххӕй. Уый фӕстӕ диагноз сбӕрӕг кодтой ноджы аст адӕймагӕн.