ЦХИНВАЛ, 7 май - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны амард фыццаг дохтыр, кӕцы хос кодта коронавирусӕй рынчын пациенттӕн. Уый тыххӕй фехъусын кодта регионы Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны министр Годжысаты Тамерлан.
Уый банысан кодта, 200-йӕ фылдӕр медицинон кусӕгыл кӕй бахӕцыд коронавирусон инфекци.
"Райдыдта нӕ уагдӕтты медицинон кусджыты рынчын кӕныны процесс. Сусӕггаг нӕу, абоны онг республикӕйы фӕрынчынуӕвӕг медикты иумӕйаг нымӕц ахызт 200-йӕ: дохтыртӕ, медицинон хотӕ, тагъд ӕххуысы шофыртӕ, санитартӕ, ӕфснайджытӕ", - радзырдта министр националон телекомпани "Осетия-Ирыстон"-ы эфиры.
Роспотребнадзоры бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, 7 майы райсомы онг республикӕйы ис 1436 (+ 94 фӕстаг суткӕйы) рынчыны COVID-19-ӕй.
Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми.