Цыппар минмӕ ӕввахс волонтеры ӕппӕт Уӕрӕсейӕ кусынц "Ӕнӕмӕлгӕ полк онлайн"-мӕ куырдиӕттыл

Ацы аз коронавирусы апарахаты тыххӕй акци "Ӕнӕмӕлгӕ полк" ацӕудзӕн онлайн форматы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 мая — Sputnik. Змӕлд "Уӕлахизы волонтерты" 4 мин бархионӕй фылдӕр Уӕрӕсейы ӕппӕт регионтӕй кусынц куырдиӕттыл, кӕцытӕ арвыстой "Ӕнӕмӕлгӕ полк онлайн"-ы хайад райсыны фӕдыл. Уый тыххӕй фехъусын кодта змӕлды сӕргълӕууӕг Ольга Амельченкова МИА "Россия сегодня"-йы онлайн-конференцийы рӕстӕджы.

Акци "Ӕнӕмӕлгӕ полк онлайн"-мӕ ӕрбаиу сты 600 мин адӕймагӕй фылдӕр

Акци "Ӕнӕмӕлгӕ полк" ацы аз ацӕудзӕн онлайн режимы коронавирусы пандемийы тыххӕй. Алкӕцы адӕймагӕн дӕр, кӕй фӕнды хайад райсын акцийы, уыдзӕн фадат арвитын йӕ хӕстӕг-фронтовикы къам партнерон фӕзуаттӕй иуы сайтмӕ. 9 майы къамтӕ фӕзындзысты Мӕскуыйы 200 медиаэкранӕй фылдӕрыл, афтӕ ма сӕ трансляци кӕндзысты online-кинотеатр ОККО и "Уӕрӕсейы ӕнӕмӕлгӕ полк"-ы порталы.

"Ӕхсӕзӕм аз "Уӕлахизы волонтертӕ" ӕххуыс кӕнынц "Ӕнӕмӕлгӕ полк" сорганизаци кӕнынӕн…3700 бархионы ӕххуыс кӕнынц модернизаци кӕнын куырдиӕттӕ, кӕцытӕ ӕрбацыдысты порталмӕ", - радзырдта Амельченкова МИА "Россия сегодня"-йы онлайн-конференцийы рӕстӕджы.

Уый банысан кодта, куырдиӕттӕ модернизаци кӕныны хайад кӕй исынц активисттӕ Уӕрӕсейы алкӕцы регионӕй дӕр. Ӕххуыс кӕнынмӕ тырнынц алыгъуызон кары адӕм. Иууыл хистӕрдӕр волонтерыл цӕуы 72 азы, уый у историйы ахуыргӕнӕг Хабаровскы крайӕ.

Ӕрбацӕугӕ куырдиӕтты 15 проценты сты хъайтарты историтӕ, кӕцытӕ ӕбӕрӕгӕй фесӕфтысты, бафтыдта "Уӕлахизы волонтерты" сӕргълӕууӕг. Куырдиӕтты 3-5 проценты сты адӕмы историтӕ, кӕцытӕ бахаудтой уацары.