"Хӕстон сфарст": Джиоты Мурӕты стыр бинонтӕ

Хуссар Ирыстоны президенты ӕххӕстбарджын минӕвар проект "Хӕстон сфарст"-ы фӕлгӕтты радзырдта йӕ хиуӕтты тыххӕй, кӕцытӕ хайад истой Стыр Фыдыбӕстон хӕсты
Sputnik

Стыр Фыдыбӕстон хӕсты быдыртӕй сӕ Фыдыбӕстӕмӕ нал ӕрыздӕхтысты Джиоты Мурӕты бинонтӕй дӕс адӕймаджы.

"Дӕлбулкъон Джиоты Михаилы фырт Сергей 1941 азы сентябры бахаудта знӕгты къухы Минскы, ӕмӕ равзӕрста мӕлӕт уацайраг царды бӕсты. Фыццаг ӕхсӕв уый йӕхи ӕрцауыгъта", - радзырдта Джиоты Мурӕт.

Ӕххӕстбарджын минӕвар йӕ хиуӕтты историйы тыххӕй хӕсты заманы лӕмбынӕгдӕр радзырдта Sputnik пресс-центрты проект "Хӕстон сфарст"-ы фӕлгӕтты.

Стыр Уӕлахизы бӕрӕгбоны хӕдразмӕ Sputnik редакцитӕ Белоруси, Абхаз, Кыргызтан, Сомих, Молдова, Гуырдзыстон, Азербайджан, Казахстан ӕмӕ Хуссар Ирыстоны мыхуыр кӕнынц бинонты историтӕ, кӕцытӕ радзырдтой солдаттӕ ӕмӕ офицерты байзӕддӕгтӕ.