Хуссар Иры адарддӕр кодтой арӕнӕвӕрдтӕ коронавирусӕй фыццаг рынчынты тыххӕй

Республикӕйы ацы къуыри сбӕрӕг кодтой коронавирусон инфекцийӕ 15 фӕрынчынуӕвӕджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 мая - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауад аскъуыддзаг кодта адарддӕр кӕнын арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ республикӕйы 31 майы онг, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

15 адӕймаджы: Хуссар Иры фӕфылдӕр коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты нымӕц

Амӕйразмӕ нывӕндысты цъусгай райдайын исын арӕнӕвӕрдтӕ 12 майӕ фӕстӕмӕ, фӕлӕ коронавирусӕй фыццаг рынчынты сбӕрӕг кӕныны фӕстӕ, аскъуыддзаг кодтой адарддӕр кӕнын карантинон мадзӕлттӕ. Республикӕйы сбӕрӕг кодтой COVID-19-ӕй 15 фӕрынчынуӕвӕджы.

"Уӕззау эпидемиологон уавӕр хынцгӕйӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ сыхаг паддзахӕдты, хъӕуы адарддӕр кӕнын арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ, цӕмӕй рынчынты нымӕц мауал фылдӕр кӕна ӕмӕ ӕруромӕм вирусы апарахат", - банысан кодта премьер-министр Пухаты Эрик коронавирусимӕ тохы фӕдыл хицауады рабадтыл.

Хуссар Иры коронавирусы тыххӕй фӕтыхджындӕр кӕндзысты хъусдард медицинон уагдӕттӕм

2020 азы 31 майы онг ӕхгӕд уыдзысты сывӕллӕтты хирхӕфсӕн центртӕ, кафетӕ, аттракционтӕ, компьютерон клубтӕ, физикон культурӕ ӕмӕ спорты объекттӕ, тренажерон залтӕ, бассейнтӕ, секцитӕ, ресторантӕ ӕмӕ кафетӕ.

Хуссар Ирыстоны марты кӕрӕттӕй ис арӕнӕвӕрдтӕ COVID-19-ы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн. Тобӕ сӕвӕрдтой культурон-массон ӕмӕ спортивон мадзӕлттӕ уадзыныл, республикӕйы ахуырадон уагдӕттӕ ӕхгӕд сты карантиныл. Афтӕ ма сӕхгӕдтой ӕхсӕнадон бынӕттӕ ӕмӕ дуканиты, кусынц ӕрмӕстдӕр хӕлцадон дуканитӕ ӕмӕ афтектӕ. Уымӕй дарддӕр министрты кабинет бакодта уӕлӕмхасӕн арӕнӕвӕрдтӕ адӕмы массон ӕмбырдтыл ӕмӕ автотранспорты змӕлдыл.

Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты хизыныл тобӕ сӕвӕрдтой 5 апрелы ӕмӕ адарддӕр уыдзӕн 31 майы онг, кӕронмӕ ӕхгӕд у республикӕйы арӕн Гуырдзыстонимӕ.