ЦХИНВАЛ, 8 мая — Sputnik, Годжысаты Анна. Хуссар Ирыстоны автомобилон фӕндӕгты арӕзтад ӕмӕ эксплуатацийы комитеты сбӕрӕг кодтой фадгуытӕ республикон трассӕтыл, цы ран хъӕуы ауадзын цалцӕггӕнӕн куыстытӕ, фехъусын кодта Sputnik рауагъдадон-техникон хайады хистӕр Цоциты Азӕмӕт.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, куыстытӕ нывӕндынц райдайын мӕйы кӕрӕтты.
Республикон фӕндӕгты хӕрзарӕзтад ӕххӕст кӕны комитеты дӕлбар организаци "Дорэкспострой".
Автомобилон фӕндӕгты арӕзтад ӕмӕ эксплуатацийы комитеты сӕрдар Гуыззыттаты Эдуард банысан кодта, фӕндагон кусджытӕ сӕ хъус кӕй дарынц 331 километры дӕргъ фӕндӕгтӕм.
"Абоны бон республикон нысаниуӕджы фӕндӕгты дӕргъ у 331 километры. Уыдон иууылдӕр сты паддзахадон хыгъды – комитет йӕ хъус дары сӕ хӕрзарӕзтадмӕ", - загъта комитеты сӕрдар.
Афтӕ ма уый бафтыдта, куыстытӕ уагъд кӕй цӕуынц цыппар здӕхтыл – Транскам, Ленингор, Къуаиса ӕмӕ Знауыр.
Гуыззыттаты Эдуарды ныхӕстӕм гӕсгӕ, куыстыты архайы ӕнӕмӕнгхъӕуӕг техникӕ ӕмӕ адӕм, цӕмӕй алцыдӕр балхынцъ кӕной нывӕзтмӕ гӕсгӕ.