Хуссар Иры скъолаты карантин адарддӕр кодтой ахуырадон азы фӕудмӕ

Хуссар Ирыстоны скъолаты дистанцион ахуыр адарддӕр уыдзӕн 20 майы онг, уый фӕстӕ скъоладзаутӕ ацӕудзысты сӕрдыгон каникулты. Афтӕ ма карантин адарддӕр кодтой республикӕйы сабидӕтты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 мая - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны скъолаты ахуырадон аз фӕуыдзӕн 20 майы, уыцы рӕстӕгмӕ скъоладзаутӕ дистанцион ахуыр кӕндзысты, фехъусын кодта ахуырады министрады пресс-секретарь Плиты Яна.

Хуссар Иры адарддӕр кодтой арӕнӕвӕрдтӕ коронавирусӕй фыццаг рынчынты тыххӕй

Уый банысан кодта, нысӕнттӕ кӕй ӕвӕрдзысты ӕнӕхъӕн ахуырадон азы фӕстиуджытӕм гӕсгӕ.

"Ахуырад ӕмӕ зонады министр Гасситы Натали радзырдта, хицауады уынаффӕмӕ гӕсгӕ, рауагъдонтӕ фӕлварӕнтӕ кӕй нӕ дӕтдзысты – уыдон райсдзысты аттестаттӕ ӕнӕхъӕн азы фӕстиуджыты нысӕнттӕм гӕсгӕ", - банысан кодта Плиты Яна.

Пресс-секретарь бафтыдта, хистӕркъласонты кӕй нӕ ныууадзысты ӕнӕ традицион рауагъдон балӕй, бӕрӕгбонон мадзал сорганизаци кӕндзысты фӕстӕдӕр, республикӕйы коронавирусимӕ уавӕр куы фӕхуыздӕр уа, уӕд.

"Сабидӕттӕ уыдзысты карантиныл, цалынмӕ хицауад арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ сиса", - бафтыдта уый.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты фехъусын кодтой, вирусимӕ уавӕры фӕдыл сесси кӕй ацӕудзӕн хуымӕтӕгдӕр режимы.

"Дипломты хъахъхъӕнынад ӕмӕ паддзахадон фӕлварӕнтӕ ацӕудзысты июлы, кӕд уӕдмӕ республикӕйы сисой арӕнӕвӕрдтӕ", - банысан кодтой ХИПУ пресс-службӕйы.

Хуссар Ирыстоны марты кӕрӕттӕй ис арӕнӕвӕрдтӕ COVID-19-ы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн. Майрӕмбоны хицауады барамындӕй карантинон мадзӕлттӕ адарддӕр кодтой 31 майы онг республикӕйы коронавирусӕй фыццаг фӕрынчынуӕвджыты сбӕрӕг кӕныны тыххӕй. Абоны бон Хуссар Ирыстоны ис коронавирусон инфекцийӕ 15 рынчыны.