Зӕронд гуырӕн хӕдзар Цхинвалы цӕттӕ кӕнынц коронавирусӕй рынчынты райсынмӕ

Уым фӕнд кӕнынц схуыссын кӕнын коронавирусӕй рынчынты, кӕцытӕ низы хӕссынц рогӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Зӕронд гуырӕн хӕдзары бӕстыхай Цхинвалы бацӕттӕ кӕндзысты коронавирусӕй рынчынты райсынмӕ, кӕд ӕмӕ низ апарахат уа республикӕйы, фехъусын кодта ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Тотчиты Георгий.

15 адӕймаджы: Хуссар Иры фӕфылдӕр коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты нымӕц

Хуссар Ирыстоны коронавирусы фӕзынды тыххӕй Цхинвалы ацыд депутатты фембӕлд ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр ӕмӕ РБМЦ разамындимӕ.

Министры ныхӕстӕм гӕсгӕ, бӕстыхай рынчынты райсынмӕ бацӕттӕ кӕныны тыххӕй хӕслӕвӕрд радтой РБМЦ разамынадӕн.

"Хуссар Ирмӕ фӕстӕмӕ здӕхджыты контингент хуыссын кӕнынц рынчындӕтты. 30 адӕймаджы ис Дзауы рынчындоны, 31 - Знауыры, иу хай та дзы ӕрфысым кодта республикон рынчындон. Зӕронд гуырӕн хӕдзары бӕстыхайы мах схуыссын кӕндзыстӕм коронавирусӕй рынчынтӕй уӕззау чи нӕ уа, уыдоны", - загъта Тотчиты Георгий.

Ӕртыццӕджы Хуссар Ирыстоны рабӕрӕг кодтой фыццаг ӕртӕ рынчыны коронавирусӕй. Фӕстӕдӕр ацы диагноз сбӕлвырд кодтой ноджы 12 адӕймагӕн.