Филипп Киркоров ӕрсидт баххуыс кӕнын уӕззау рынчын сабийӕн Цӕгат Ирӕй

Персаты Арнелла райгуырд фæсонты-хæцъæфты атрофиимæ, амынд низæн ис иунæг хос — зынаргъ препарат Zolgensma, кӕцыйы аргъ у 168 милуан сомы, хоскӕнынад та гӕнӕн ис райсын ӕрмӕстдӕр Америкӕйы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 май - Sputnik. Уӕрӕсейы адӕмон артист Филипп Киркоров Егор Криды фӕстӕ ӕрсидт йӕ рафысджытӕм Instagram-ы, цӕмӕй баххуыс кӕной уӕззау низӕй рынчын чызгӕн Цӕгат Ирыстонӕй Персаты Арнеллайӕн.

"Баззад ма дыууӕ къуырийӕ чысыл фылдӕр, цӕмӕй фервӕзын кӕнӕм ацы чысыл чызджы. Мӕн дисы бафтыдта, ацы низӕн хоскӕнынад афтӕ зынаргъ кӕй у. Фӕлӕ уый у цард ӕмӕ махӕн рӕстӕг нал ис фӕивын ацы уавӕр! Хъӕуы тагъддӕр архайын!", - ныффыста артист.

Персаты Арнелла райгуырд фæсонты-хæцъæфты атрофиимæ, амынд низæн ис иунæг хос — зынаргъ препарат Zolgensma. Хъӕуы ма ӕрӕмбырд кӕнын 88 300 000 сомы. Хос баххуыс кӕндзӕн ӕрмӕстдӕр ӕй дыууӕ азы кары онг куы саразой, уӕд – 2020 азы 30 майы онг.

Амӕйразмӕ сусӕг хӕрзгӕнӕг арвыста Арнелаййы хоскӕнынадӕн 5 милуан сомы.