ЦХИНВАЛ, 12 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны фӕсивӕдон ӕхсӕнадон организаци "Ныхас" хӕрзаудӕн акцийы фӕлгӕтты уары хӕлцалон продуктты тыхтонтӕ ӕххуысхъуаг, бирӕсывӕллонджын бинонтӕ, иунӕг пенсионертӕ ӕмӕ сахъат адӕмыл, фехъусын кодтой Sputnik организацийы минӕвӕрттӕ.
Хӕрзаудӕн акци арӕзт цӕуы тӕссаг вирусы апарахаты фӕдыл сӕвзӕргӕ уавӕры тыхст адӕммӕ фӕкӕсыны охыл.
"Ӕхсӕнадон организацийы хъусдарды бын бахаудтой тыхст бинонтӕ столицӕйы ӕмӕ районты. Ныридӕгӕн 60 бинонтӕ райстой сӕ тыхтонтӕ, ноджы ма уый бӕрц ӕрцӕудзӕн уӕрст", - загътой активисттӕ.
Тыхтонты ис фыццаг ӕнӕмӕнгхъӕугӕ хӕлцадон продукттӕ. Ӕххуысхъуаг адӕмы номхыгъдтӕ цӕттӕ кӕнынц организацийы активисттӕ, бадзурынц сӕм адӕм сӕхӕдӕг дӕр.
Коронавирусы апарахаты тасӕй республикӕйы цы тобӕтӕ бакодтой, уыдон бирӕ бинонты бюджет ноджы фӕкъаддӕр кодтой, стӕй ма кӕцыдӕр продукттӕн фӕфылдӕр сты сӕ ӕргътӕ дӕр, уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕ нал ӕххӕссынц сӕ хӕрдзтыл.