Хуссар Иры иу суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй дыууӕ фӕрынчынуӕвӕджы

Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстонмӕ ӕрцыдысты вирусологтӕ Уӕрӕсейӕ. Уыдон баххуыс кӕндзысты хуссарирыстойнаг коллегӕтӕн фӕтагъддӕр кӕнын вирус сбӕрӕг кӕныны фӕдыл тесттӕ ауадзыны процесс
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 май - Sputnik, Козаты Диана. Ивгъуыд суткӕйы цы тесттӕ ауагътой, уыдонӕй дыууӕ сбӕрӕг кодтой коронавирусы уӕвынад, загъта Sputnik Югосетпотребнадзоры комитеты сӕрдары хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Уый банысан кодта, фӕрынчынуӕвджытӕй иу кӕй у уӕрӕсейаг ахуырадон уагдоны курсант, кӕцы ӕрӕджы ӕрыздӕхт республикӕмӕ, иннӕ та – республикӕйы цӕрӕг, кӕцы ӕрцыд арӕны сӕхгӕды фӕстӕ. Дыууӕтӕ дӕр уыдысты карантины.

Иумӕйагӕй республикӕйы ауагътой цыппар сӕдӕ тестӕй фылдӕр.

"Мах сбӕрӕг кодтам ноджы дыууӕ адӕймаджы, кӕцытӕ фӕрынчын сты COVID-19-ӕй. 13 маймӕ Хуссар Ирыстоны сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 25 рынчыны. Медицинон хъусдарды бын сты 290 адӕймаджы", - фехъусын кодта Гаглойты Анна.

Хуссар Ирыстон 6 майы онг ӕнтыстджынӕй тох кодта республикӕмӕ коронавирусон инфекцийы ӕрбахызтимӕ. Марты кӕрӕттӕй ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ, тобӕ сӕвӕрдтой адӕмы массон ӕмбырдтыл ӕмӕ автотранспорты змӕлдыл.

Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты хизыныл тобӕ сӕвӕрдтой 5 апрелы ӕмӕ адарддӕр уыдзӕн 31 майы онг, кӕронмӕ ӕхгӕд у республикӕйы арӕн Гуырдзыстонимӕ.