Мӕскуыйаг бизнесмен ӕрырвыста хуссарирыстойнаг медиктӕн гуманитарон ӕххуыс

Рынчындоны сӕйраг анестезиолог ӕмӕ реаниматолог Плиты Александр банысан кодта, республикӕйы ма кӕй баззад тынг цъус хардзгӕнӕн ӕрмӕджытӕ рӕуджыты вентиляцийы аппараттӕн, уымӕ гӕсгӕ ацы ӕххуыс уыд тынг ӕнӕмӕнгхъӕугӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 май – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Цхинвалы бирӕпрофилон медицинон центр гуманитарон ӕххуысы хуызы райста хардзгӕнӕн ӕрмӕджытӕ рӕуджыты вентиляцийы аппараттӕн. Гуманитарон ӕххуыс хуссарирыстойнаг медиктӕн бакодта республикӕйӕ ацӕугӕ, ныртӕккӕ мӕскуыйаг бизнесмен Пӕррӕстаты Георгий, фехъусын кодта Sputnik центры сӕйраг анестезиолог ӕмӕ реаниматолог Плиты Александр. 

"Фӕнды мӕ зӕгъын стыр бузныг Пӕррӕстаты Георгийӕн. Уый йӕ фыццаг ахӕм акци нӕу - 2008 азы хӕсты фӕстӕ дӕр, уайтагъддӕр 12 августы махмӕ ӕрхӕццӕ йӕ рарвитгӕ гуманитарон ӕххуыс хардзгӕнӕн ӕрмӕджытимӕ. Уыцы ӕрмӕджытӕй мах стӕй пайда кодтам фондз азы дӕргъы", - загъта Плиты Александр.

Уый банысан кодта, республикӕйы ма кӕй баззад тынг цъус хардзгӕнӕн ӕрмӕджытӕ рӕуджыты вентиляцийы аппараттӕн, уымӕ гӕсгӕ ацы ӕххуыс уыд тынг ӕнӕмӕнгхъӕугӕ. Дохтыры ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыд сты "дыууӕ азы фаг".

Мӕскуыйаг бизнесмен ӕрырвыста хуссарирыстойнаг медиктӕн гуманитарон ӕххуыс

Пӕррӕстаты Георгий у организаци "Интерседжикал"-ы генералон директор, кӕцы у лидер дунейы медицинон ӕрмӕджыты уӕрӕх ассортимент уадзыны хъуыддаджы. Организацийы уадзгӕ ӕрмӕджытӕй пайдагӕнӕн ис куыд стационарон уавӕрты, афтӕ хӕдзары дӕр. Компани ацы куыст кӕны 30 азӕй фылдӕр ӕмӕ йӕ продукци у тынг популярон ӕппӕт дунейы дӕр.