ЦХИНВАЛ, 14 май - Sputnik. Хуссар Ирыстоны премьер-министр Пухаты Эрик басгӕрста республикӕйы Дзауы районы Гуфта-Къуаисайы фӕндаджы арӕзтад, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.
Объектыл ауагътой егъау куыстытӕ фӕндаг ауӕрӕх кӕныны фӕдыл, афтӕ ма сарӕзтой ӕмӕ сцалцӕг кодтой хидтӕ. Афтӕ ма фӕндаджы уӕззау фадыджы сӕвӕрдтой сындзджын хызӕг, цӕмӕй бахъахъхъӕной фӕндаг дуртӕ ӕмӕ зӕйты ӕрцыдӕй.
Хицауады сӕрдар банысан кодта, инфраструктурӕйы ахсджиаг объекты кӕй сӕвӕрдзысты асфальт ӕмӕ йӕ ратдзысты эксплуатацийы азы кӕрӕттӕм.
"Карантинмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, республикӕйы арӕзтадон куыстытӕ не ‘рурӕдтой. Ӕвзӕр боныгъӕд бирӕ рӕстӕг фадат нӕ дӕтта уадзын зӕххон куыстытӕ ацы фадыджы, уый фӕдыл фӕфӕстиат стӕм графикӕй. Ӕз радтон ӕмбӕлон фӕдзӕхсттӕ, цӕмӕй фӕтагъддӕр кӕной арӕзтадон куыстытӕ ӕмӕ аразджытӕ радтой объект эксплуатацийы нывӕзтгонд ӕмгъуыдмӕ", - загъта Пухаты Эрик.
Афтӕ ма хицауады сӕрдар бахӕс кодта Паддзахадон унитарон куыстуат "Дорэкспострой"-ы генералон директор Мӕхъиты Семенӕн, цӕмӕй ӕрвылбон йӕ цӕст дара фӕндаджы арӕзтадмӕ ӕмӕ хъусын кӕна проблемӕты тыххӕй.