Хуссар Иры ӔХМ радзырдтой, куыд кусынц медиктæ "сырх зонæйы"

Цал медикы кусы коронавирусæй рынчынтимæ æмæ куыд кусынц уыдон "сырх зонæйы", Sputnik радзырдтой республикæйы Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 май - Sputnik, Козаты Диана. Медицинон кусджытæ, кæцы хос кæнынц æмæ кæсынц коронавирусæй рынчынтæм, уыдзысты "сырх зонæйы" авд боны дæргъы. Къуырион радхæссынады фæстæ уыдон раивдзæн медкусджыты æндæр къорд, радзырдтой Sputnik Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады пресс-службæйы.

14 майы райсоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ Хуссар Ирыстоны лабораторион уавæрты сбæрæг кодтой COVID-19-æй 30 фæрынчынуæвæджы.

"Ӕдæппæт "сырх зонæйы" кусынц дæс медикы. Уыдон уыдзысты рынчынты уæлхъус авд боны æмæ сын уыцы рæстæджы "сырх зонæйæ" рахизыны бар нæй", - банысан кодтой уагдоны.

Медиктимæ ма уым ис республикæйы сæйраг инфекционист Джиоты Элеонора.

Югосетпотребнадзор фехъусын кодта COVID-19-ӕй фондз ног фӕрынчынуӕвӕджы тыххӕй

Министрады фехъусын кодтой, медицинон кусджытæ кæй сты ифтонг æппæт æнæмæнгхъæуæг хъахъхъæнæн костюмтæ æмæ æрмæджытæй дæр.

Пресс-службæйы бафтыдтой, ноджы ма дæс адæймаджы та карантиныл кæй сæвæрдтой гуырæн хæдзары зæронд бæстыхайы. Рынчынтæ иууылдæр сæхи хатынц дзæбæх, уæззау уавæры се хсæн ничи ис. Пациенттæн уагъд цæуы симптоматикон хоскæнынад.

Хуссар Ирыстоны коронавирусæй фыццаг фæрынчынуæвджыты сбæрæг кодтой 6 майы. Абоны онг рынчынты нымæц схызт 30-мæ.