Югосетпотребнадзор фехъусын кодта COVID-19-ӕй фондз ног фӕрынчынуӕвӕджы тыххӕй

Вирус сбӕрӕг кодтой УФ ӕфсӕддон ахуырадон уагдӕтты цыппар курсантӕн ӕмӕ сылгоймагӕн, кӕцы ӕрӕджы ӕрыздӕхт Уӕрӕсейӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 май - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны сбӕрӕг кодтой ноджы фондз адӕймаджы, кӕцытӕ фӕрынчын сты коронавирусӕй. 14 майы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, фӕрынчынуӕвджыты нымӕц у 30, загъта Sputnik Югосетпотребнадзоры комитеты сӕрдары хӕдивӕг Гаглойты Анна.

"Мах сбӕрӕг кодтам COVID-19-ӕй фондз ног фӕрынчынуӕвӕджы. Медицинон хъусдарды бын сты 279 адӕймаджы", - загъта Гаглойты Анна.

Вирус сбӕрӕг кодтой УФ ӕфсӕддон ахуырадон уагдӕтты цыппар курсантӕн ӕмӕ сылгоймагӕн, кӕцы ӕрӕджы ӕрыздӕхт Уӕрӕсейӕ. Иумӕйагӕй республикӕйы ауагътой фондз сӕдӕ тестӕй фылдӕр.

Хуссар Иры ӔХМ сӕргълӕууӕг радзырдта COVID-19-ӕй рынчынты уавӕры тыххӕй

Хуссар Ирыстон 6 майы онг ӕнтыстджынӕй тох кодта республикӕмӕ коронавирусон инфекцийы ӕрбахызтимӕ. Марты кӕрӕттӕй ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ, тобӕ сӕвӕрдтой адӕмы массон ӕмбырдтыл ӕмӕ автотранспорты змӕлдыл.

Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты хизыныл тобӕ сӕвӕрдтой 5 апрелы ӕмӕ адарддӕр уыдзӕн 31 майы онг, кӕронмӕ ӕхгӕд у республикӕйы арӕн Гуырдзыстонимӕ.