Хуссар Иры йӕ цардӕй ахицӕн ноджы иу фронтовик

Арболишвили ацыд ӕнӕхъӕн хӕст ӕмӕ фӕцис йӕ хӕстон фӕндаг Берлины. Сгуыхтдзинӕдтӕ ӕмӕ хъӕбатырдзинады тыххӕй уый схорзӕхджын кодтой бӕрзонд паддзахадон хорзӕхтӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 май — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвалы 99-аздзыдӕй амард Стыр Фыдыбӕстон хӕсты ветеран Александр Арболишвили, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Ирыстоны Ветеранты цӕдисы сӕрдары хӕдивӕг Уалыты Гайоз.

Хисӕрмагонд бӕрӕгбон: Цхинвалы ветеранты хӕдзӕртты раз рацыд парадтӕ

9 майы размӕ ӕхсӕв республикӕйы амардысты дыууӕ фронтовикы – Кокойты Григорий ӕмӕ Джергаты Василий.

"Уый у цыппӕрӕм мӕлӕт майы. Дыууӕ ветераны амардысты Уӕлахизы боны хӕдразмӕ. Хӕстон архӕйдтыты ноджы иу хайадисӕджы амӕйразмӕ ӕрластой Санкт-Петербургӕй, ныр та Александр Арболишвили. Ветераныл январы сӕххӕст 98 азы", - загъта Уалыты Гайоз.

Арболишвили ацыд ӕнӕхъӕн хӕст, хайад иста Берлиныл тохты, уый размӕ автивон хайад иста Харьков ссӕрибар кӕныны. Ӕрыздӕхт йӕ фыдыбӕстӕмӕ 1947 азы.

"Хӕсты фӕстӕ Александр бирӕ ӕзты дӕргъы куыста скъолайы, уыд йӕ директор дӕр. Хуымӕтӕджы лӕг уыд, хӕсты тыххӕй дзурын нӕ уарзта. Фӕстаг ӕзты уыд рынчын ӕмӕ хӕдзарӕй ӕддӕмӕ нӕ хызт. Арболишвилийы схорзӕхджын кодтой Кады орденӕй ӕмӕ "Сырх Стъалыйы" орденӕй. Афтӕ ма йын радтой сӕрмагонд грамотӕ Сталинӕй. Ахӕм бӕрзонд хорзӕхтӕ ӕндӕр хуссарирыстойнаг ветерантӕн нӕй", - загъта Уалыты Гайоз.

Ветеранӕн фӕстаг хӕрзбон зӕгъдзысты сом, 19 майы, Цхинвалы.