Ӕртӕ авари ӕмӕ иу фыдракӕнд: Хуссар Иры МХМ ивгъуыд къуырийы уавӕры тыххӕй

Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг уагдоны фехъусын кодтой республикӕйы криминогенон уавӕры тыххӕй 11-18 майы периоды
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 май - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри ӕрцыд ӕртӕ фӕндагон-транспортон цауы, кӕцыты фӕстиуӕгӕн зиан баййӕфта иу адӕймаг. Уый тыххӕй фехъусын кодтой республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕйы.

Цхинвалы центры кæрæдзийыл сæмбæлдысты æртæ хæдтулгæйы

Афтӕ ма Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 220 фӕткхалды. 16 шофыры скъӕрдтой хӕдтулгӕтӕ нозтджынӕй. Уыдоны фӕдыл сарӕзтой административон протоколтӕ.

Уымӕй дарддӕр, ивгъуыд къуыри МХМ кусджытӕ сбӕрӕг кодтой иу фыдракӕнд. Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайады кусджытӕ алыгъуызон ӕхсӕнадон фӕткхӕлды тыххӕй ӕрурӕдтой дыууӕ адӕймаджы.