Пенсийы та – удӕнцой куыст: раздӕры барадхъахъхъӕнӕг Тъбеты сарӕзта фермерон хӕдзарад

Фермеры фæнд у, цæмæй йæ фос æввахс рæстæджы аскъæра Ерманы хъæумæ - сæрддæргъы уыцы сойджын сæрвæты куы хизой, уæд уый хорзæрдæм бандавдзæн сæ продуктивондзинадыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 май – Sputnik, Дриаты Лейла. Цхинвалы районы Тъбеты хъæуы цæрæг Битарты Гамлет барадхъахъхъæнæг органты бирæ ӕзты фæкуыста. Пенсийы куы ацыд, уæд ын æрлæууыд баулæфыны рæстæг. Фæлæ фæллой кæныныл йæ уд чи хъары, уымæн æнцад-æнцойæ бадын зын у æмæ дарддæр æндæр хæрзиуæгон куыст кæныныл архайы. Афтæ Гамлет дӕр скодта фермерон хæдзарад æмæ æрæвнæлдта фосдард æмæ зæххы куыстмæ.

Милицийы майорӕй фосдарды куыстмӕ

Зæгъæн ис æмæ райдианæй фæстæмæ куыстуарзаг æмæ хæдзардзин хъæууон фæллойгæнæгæн æрвылаз дæр кæй вæййы хорз фæстиуджытæ.

Хæдзарады стурты нымæц у 15, уыдонæй хъуццытæ сты ӕхсӕз. Фос сæумæрайсомæй суанг изæрмæ вæййынц хизæнуаты. Фермеры фæнд у, цæмæй йæ фос æввахс рæстæджы аскъæра Ерманы хъæумæ æмæ уым уыдзысты, цалынмæ хорз боныгъæдтæ кæна, уæдмæ. Уыцы ран сойджын сæрвæты куы хизой, уæд уый хорзæрдæм бандавдзæн сæ продуктивондзинадыл.

Битары фырт æххæст кæны районы ветеринарийы кусджыты домæнтæ, уымæ гæсгæ йӕ стуртӕ хызт вæййынц алыгъуызон низтæй. Æнæниз фос та кæддæриддæр хæрзхаст вæййы, уыимæ йæ æркæнгæ продуктмæ дæр нæ вæййы фау æрхæссæн.

Пенсийы та – удӕнцой куыст: раздӕры барадхъахъхъӕнӕг Тъбеты сарӕзта фермерон хӕдзарад

Уымæй дарддæр ма хæдзарады разамонæг стыр хъусдард здахы зæххы куыстмæ. А-фæззæджы 10 гектары фæзуатыл байтыдта мæнæу, уалдзæджы бонты та бацархайдта хъæбæрхор байтауыныл æмæ йын бацахста 15 га. Цæмæй ацы хъæууонхæдзарадон байтыдтæ хызт уой алыгъуызон зианхæссæг уырынгонтæй, рæзой æмбæлон æгъдауæй, уый тыххӕй сӕм Гмлет бахаста гербицидтæ. Ныр фермерон хæдзарады разамонæджы ныфс ис хъæздыг тыллæг райсынæй.